Гæдиаты Никъала Секъайы (Юрийы) фырт
Хуссар Ирыстоны Автономон областы прокурор
1923 — 1924
Райгуырдис 1890 азы 18 июлы. Хъомыл кодта ирон аив прозæйы бындурæвæрæгты бинонты æхсæн, адæмон сфæлдыстады бындурыл чи æнцадис, ахæм бинонты. Йæ фыд – ирон фыссæг æмæ поэт Гæдиаты Секъа, йе ‘фсымæр – курдиатджын поэт, литературон критик, революционер, æхсæнадон архайæг, драматург, прозаик, тæлмацгæнæг Гæдиаты Цомахъ.
1905 азы каст фæцис Цæгат Ирыстоны Дзæуджыхъæуы Чырыстон дины скъола æмæ Чырыстон дины Семинари Æрыдоны. 1909 азы фæстæмæ райдыдта кусын Цæгат Ирыстоны Горæтгæроны районы Санибайы æмæ Цæгат Ирыстоны Æрыдоны районы хъæуы Хъæдгæроны. 1918 азы куыста Тырсыгомы æмæ Къобы райкомы. Активон хайад иста Хуссар Ирыстоны революцион тохы гуырдзиаг меншевикты ныхмæ.
Гæдиаты Никъалайы мысинæгтæ, кæцытæ уый ныффыста 1917-1921 азты хæсты тыххæй, æвдисæн ‘сты , куыд тох кодта Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны сæраппонд, куыд хъайтарон тох кодтой ирон адæм æмæ уыцы тохы куыд бирæ уыди удуæлдай цаутæ.
Советон хицауад куы æрфидар, уый фæстæ, Гæдиаты Никъала Хуссар Ирыстонмæ æрыздæхт 1923 азы, фæкуыста бирæ бæрнон бынæтты,Хуссар ирыстоны прокурор уыд 1923-1925 æзты.
1937 азы ахст рцыд æнæаххосджынæй, сæвæрдтой йыл адæмы знаджы ном æмæ йæ амардтой.