Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕйы делегаци бабӕрӕг кодта ивгъуыд къуыри Луганскы Адӕмон Республикӕ (ЛАР) хӕларадон республикӕйы генералон прокуратурӕйы ӕрхуындӕй, кӕцы нысан кодта уагдоны сӕвзӕрдыл фондз азы сӕххӕст. Балцы фӕлгӕтты уагдӕтты разамонджытӕ Дзӕгъиаты Уырызмӕг ӕмӕ Сергей Горенко бафыстой барамынд иумӕйаг иудадзыг кусӕгон къорды арӕзтады фӕдыл. Документ бафыстой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы хсӕн хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд, афтӕ ма дыууӕ республикӕйы генералон прокуратурӕты хсӕн барадон ӕххуыс ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды реализацийы нысаниуӕгӕн.
Афтӕ ма Дзӕгъиаты Уырызмӕг ралӕууыд бӕрӕгбонон мадзалы, кӕцы уыд нывонд ЛАР прокурӕтурӕйы органты сӕвзӕрдыл фондз азы сӕххӕстӕн. Уымӕй дарддӕр Хуссар Ирыстоны делегаци сӕвӕрдта дидинджытӕ ЛАР хъахъхъӕнджыты цыртдзӕвӕнмӕ.