Цытджын прокуророн кусджытæ æмæ зæронд номдзыд прокуророн кусджытæ!
Уæ профессионалон бæрæгбоны зæрдæбынæй уын арфæ кæнын прокуратурӕйы кусджыты боны цытæн!
Прокуратурæйы уæнгтæ сфидар кодтой cæ сæрмагонд нысанæвæрд закъон æмæ закъондзинады ифтонг кæнын.
Прокуратурӕйы кусджыты хъомыс æмæ фидар уды руаджы æххæст цæуынц ахсджиаг хæслæвæрдтæ, уый фæрцы нæ æмбæстæгтæ сæ ныфс æвæрынц закъоныл, арæзт цæуы барæдон културæ.
Бæлвырдæй зæгъын, дарддæр намысджынæй кæй хъахъхъæндзыстæм паддзахад æмæ йæ алы цæрæджы интерестæ. Уымæй уæлдай мæ фæнды фæнысан кæнын, прокуратурæ намысджынæй кæй æххæст кæны уыцы ахсджиаг фарстатæ, кæцытæ сывæрдта республикæйы разамынд æмæ нæ уагдонадæн кæй ахъаз æмæ æххуыс кæны, уый тыххæй стыр бузныг стæм.Хицæнæй арфæйы ныхæстæ кæнын зæронд номдзыд прокурорæйы уæнгты кусджытæн, кæцытæ егъау бавæрд скодтой нæ республикæйы размæцыды, сæ фæлтæрддзинад прокурорты ног фæлтæрæн адæдтой. Бирæтæ абоны бон дæр дарддæр сæ фæлтæрддзинадæй хай кæнынц кæстæр æмкусæгтимæ, иуыл хуыздæр прокуророн уагæвæрдтæ æвæргæ.
Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, фæрныгад, дарддæры ног æнтыстытæ! Уадз æмæ закъоны æууæнкаккаг хъахъхъæнæг куыд уæ кадджын хуындад уын уæ царды тыхтæ, уæ хъару, уæ циндзинад сфылдæр кæнæт!
Мæн фидар ныфс ис, æмæ нæ бавæрд закъоны фидардзинады рцæудзæн аккаг аргьгонд.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор
Дзӕгъиаты Уырызмӕг Фридоны фырт