Битеты Мерабы фырт Сергей
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры фыццаг хæдивæг
Райгуырдис 1973 азы Цхинвалы.
1996 азы каст фæцис ССРЦ Мидхъуыддæгты министрады Дзæуджыхъæуы С.М. Кировы номыл уæлдæр командон Сырхтырысаджын ахуыргæнæндон.
1996–1996 - стажер, Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы фæдагурæг.
1996–1997 – Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы хистæр фæдагур.
1997–1998 – Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы фæдагурæн хайады уæлдай ахсджиаг хъуыддæгты фæдыл хистæр фæдагурæг.
1998–1999 – Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы ахсджиаг хъуыддæгты фæдæвзарæны хайады хистæр фæдагур.
1999–2002 – Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты фæдагурæн хайады сæргълæууæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты терроризм æмæ организацигонд фыдракæндтимæ тохы фæдыл хайады сæргълæууæг.
2002–2004 – гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Фидауынгæнæг тыхты сконды службæгæнæг.
2005–2006 – Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады ОМОН ы ротæйы командиры хæдивæг.
2006–2012 – Республикæ Хуссар Ирыстоны тæрхонкæныны уагдæтты министры хæдивæг.
1.02.2016 – 5.04.2016 – Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг.
2012 – нырыккон афонмæ – Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры фыццаг хæдивæг.
Закъондзинад æмæ барвæтк фидар кæныны тыххæй цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд паддзахадон æмæ ведомствæйон хорзæхтæй.
Юстицийы хистæр уынæффæгæнæг.