Геральдикон нысан - Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы Эмблемæ
Фидар æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы геральдикон нысан – эмблемæ æмæ тырыса сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты 2017 азы 17 январы Указ № 12 мæ гæсгæ.
Эмблемæ конд у, йæ уæллæг къуымтæ лыг кæмæн сты, ахæм æртæкъуымон сыгъзæрин фæлгæты уартæй. Уарт æнцой кæны, сæ фындзтæ бынмæ кæмæн сты, ахæм дыууæ æвзист æмæ сыгъзæринвæлыст хæцæнтимæ дзуарæвæрд цирхътыл. Уарты фæлгæты ис сыгъзæрин фидаргæнæнтæ. Уарты тыгъдад у тарцъæх хуыз. Уарты тыгъдады – Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон герб. Уарты тыгъдады уæллаг хайыл Паддзахадон гербы сæрмæ ставд дамгъæтæй фыст ис «ПРОКУРАТУРÆ», Паддзаходон гербы галиуæрдыгæй фарс ставд дамгъæтæй фыст ис «РЕСПУБЛИКÆ», Паддзахадон гербы рахисæрдыгæй фарс ставд дамгъæтæй фыст ис «ХУССАР ИРЫСТОНЫ». Уарт цирхъимæ конд у тулдзы сыфтæй конд тарцъæх уаццагæй фæлыст алдымбыдыл. Гербы бынмæ бындурыл уаццагы централон хайыл ставд дамгъæтæй фыст ис «ЗАКЪОН».
Геральдикон нысанæй – Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы эмблемæйæ спайда кæнæн ис иухуызон хуызæй дæр./p>
Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы тырыса
Фидар æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы геральдикон нысан – эмблемæ æмæ тырыса сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты 2017 азы 17 январы Указ № 12 мæ гæсгæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы тырыса ис йæ къуымон тыгъдады Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса кæмæн ис, ахæм тарцъæх расткъуымон хъуымацыл.
Хъуымацы рахис æмбисы астæу ис геральдикон нысан - Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы эмблемæ Йæ дæргъмæ абаргæйæ тырысайы уæрх у – иу иу æмæ æрдæгмæйы хаймæ. Тырысайы тыгъдадмæ абаргæйæ къуымон тыгъдады фæзуат у – иу цыппæрæм хаймæ. Эмблемæйы бæрзæнд тырысайы уæрхимæ абаргæйæ у – иу дыккæгæм хаймæ.