Æмбæстæгты бахатыны фæтк
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурормæ фыст куырдиæттæ æнæмæнг арвитын хъæуы ахæм адресыл:
100001 с. Цхинвал, Тугъанты М. уынг, 15
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæмæ куырдиæтты фæдыл бæлвырдгæнæнтæ
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы иумиаг æмæ сæрмагонд хъуыддагарæзтады хайад: +7(8502) 45-31-92
Æмбæстæгты Республикæ Хуссар Ирыстоны генералон прокуроры сæрмагонд химæист
æххæст цæуы развæлгъау ныффыстмæ гæсгæ
цыппæрæмбонты: 14:00 æй 18:00 мæ
Адрес:
с. Цхинвал, Тугъанты М. уынг, 15
Генералон прокуроры химæисæн:
+7 (8502) 45-16-69
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурормæ химæрайст æххæст цæуы развæлгъау ныффыстмæ гæсгæ. Сæрмагонд химæрайсты фарст Генералон прокурор скуыддзаг кæны æмбæстаджы, юридикон цæсгомы бадæтгæ куырдиаты бындурыл, кæцыйы нысангонд хъуамæ уа, цахæм архайд кæнæ уынаффæйыл цæуы хъаст, чи кæнæ йæ кæм сарæзта кæнæ райста, цæй мидæг ис закъонхалынад, куырдиат бадæттæг Генералон прокуроры хæдивджытæй кæд æмæ кæцымæ уыдис химæрайсты, афтæ ма уый размæйы хъасты фæдыл генералон прокуроры хæдивæг кæй райста, уыцы уынаффæимæ разы цæй тыххæй нæу.
Сæрмагонд химæрайстмæ йæхи чи фыссын кæна, уыдон хæсджын сты, цæмæй бавдисой гоймаг бæлвырдгæнæн документ æмæ æндæр искæй (физикон æмæ юридикон цæсгæмтты) тыххæй бахатгæйæ та уыдоны номæй дзурыны бар сын кæй ис, уый бæлвырдгæнæг документтæ. Банысангонд цæсгæмттæ уагъд не рцæудзысты химæрайстмæ, ахæм документтæ куы нæ бавдисой, уæд.
Кæд сæрмагонд химæисæнмæ куырдиат бадæттæг цы фарстатимæ бахата, уыдон аскъуыддзаг кæнын Генералон прокуратурæйы компетенцимæ нæ хауы, уæд куырдиат æвзæрст нæ цæуы, æмæ йæ чи бадæтта, уымæн та æмбарын кæнын хъæуы, кæцы паддзахадон орган кæнæ æндæр организацимæ (кæцы бынаты кусæгмæ) хъæуы бахатын, йæ куырдиаты цы фарстатæ ис, уыдон аскъуыддзаг кæныны тыххæй.
Уголовон-процессуалон закъонмæ, æмбæстагон процессуалон, хæдзарадон процессуалон закъондæттынад, административон процесс бæлвырдгæнæг закъондæттынадмæ гæсгæ æмбæлон архайд æмæ уынаффæйы фæдыл бахъаст кæныны бар кæмæн нæй, ахæм адæймæгтæ гæнæн ис фыст ма рцæуой Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор æмæ йæ хæдивджыты сæрмагонд химæисæнмæ.
Сæрмагонд химæисæнмæ ма райсын гæнæн ис ахæм цауты рæстæджы:
- прокуратурæйы органты компетенцимæ чи нæ хауы, ахæм фарстаты тыххæй хатгæйæ;
- æнæсфидаргонд бонты æмæ сахатты бахатыны;
- кæд æмæ куырдиат бадæттæгæн сæрмагонд химæрайсты рæстæджы лæвæрд æрцыд, кæмæ цымыдис кодта, уыцы фарстатæн æнæдызæрдыгкаг дзуапп;
- кæд æмæ куырдиат бадæттæг нал хъаст кæны йæ куырдиаты банысангонд фарстаты тыххæй.