Интернетон исæнуат
Уæ хорзæхæй, электронон куырдиат арвитыны агъоммæ базонгæ ут дæлдæрæрхæсгæ информациимæ. Электронон куырдиæттæм ахасты цы домæнтæ ис, уыдоны мацæмæ дарын, гæнæн ис, бындур суа, куырдиат æнæркастæй кæй баззайдзæн уымæн.
Бæлвырддæрæй
Закъæттæ куыд æххæст цæуынц, уымæ цæстдард æххæст кæныны рæстæджы прокуратурæйы органты нæ ивынц æндæр паддзахадон органтæ («Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны 2007 азы 10 октябры райсгæ закъоны 18 статья)..
Прокуратурæйы органтæм æмбæстагон бартæм ахасты барадон ахастытæ прокуратурæмæ бахатгæйæ бæстон цæуынц «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты куырдиæттæм æркæсыны фæткы тыххæй» 2008 азы 11 июны райсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ гæсгæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæмæ электронон куырдиæттæ æрвыст цæуынц электронон адресмæ: sogenproc@mail.ru кæнæ та ацы фарсыл æвæрд «Электронон куырдиат» формæйыл фыстæй æмæ хъуамæ дзуапп дæттой «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты куырдиæттæм æркæсыны фæткы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны домæнтæн, афтæ ма дзы хъуамæ уа куырдиат ныффыссæджы электронон адрес дæр.
Уæлдæрзагъдгонд закъоны домæнтæ æххæст куынæ цæуой, уæд электронон куырдиат баззайдзæн æнæркастæй.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæмæ куырдиат
Куырдиаты рæгъмæ рахæсгæ фарстатæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы компетенцимæ куы хауой, уæд дæ курæг стæм, цæмæй къухдариуæг кæнай сфидаргонд домæнтæй:
- • Стъалы (*) йæ нысангонд тыгъдадтæ æнæмæнг хъуамæ йедзаг цæуой. Кæд куырдиаты æмбæстагæн йæ мыггаг кæнæ адрес бæрæг не сты, уæд ын дзуапп лæвæрд нæ цæуы («Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты куырдиæттæм æркæсыны фæткы тыххæй» 2008 азы 11 июны райсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны 11 статьямæ гæсгæ);
- • Электронон куырдиат фыст цæуы ирон кæнæ уырыссаг æвзагыл текст хъуыдыйæдтыл ныддихтæ кæнгæйæ.
- • Сæ равзарыны фаг зонæнтæ кæм нæ уа, уыцы куырдиæттæ (хъаст цæуыл цæуы, уыцы архайды бынат, кæй архайд кæнæ уынаффæтыл цæуы хъаст æмæ куырдиат æмбæлонæй равзарыны тыххæй æндæр информаци), кæнæ бамбарæн куынæ уа фарсты мидисæн, уæд фæстæмæ лæвæрд цæуынц, чи сæ бадæтта, уымæ;
- • Кæд йæ хатдзæгтæ бафидар кæнынæн æнæмæнгхъæуæг уа, уæд æмбæстагæн йæ бон у фыст куырдиатмæ баиу кæна документтæ æмæ æрмæджытæ электронон формæйы. Бафтаугæ файлтæн сæ иумæйаг гуыррахст ма хъуамæ уа 5 Мб фылдæр;
- • Гæнæн ис ахæм файлтæй спадагæнæн: txt, doc, docx, rtf, xls, xlsx, pps, ppt, pdf, jpg, jpeg, bmp, png, tif, gif, pcx, mp3, wma, avi, mp4, mkv, wmv, mov, flv, sig;
- • Аудиофыст æмæ (кæнæ) видеофыст кæм ис, ахæм куырдиат, контент интернет-сайттæм амонын (гипперамонын), кæцыты ис аудиофыстытæ æмæ видеофыстытæ, æвзæрст цæуынц куырдиат ныфыссæджы хъасты мидисмæ гæсгæ.
• Стыр гуыррахстæй документтæ æмæ æрмæджытæ кæм уа уæлæмхасæны хуызы, уыдон æрвитын хъæуы фыстæй ахæм адресыл: 100001 г.Цхинвал, Тугъанты М. уынг,15
Кæд разы стут куырдиат равзарыны фæдыл æрхæсгæ фæткойтимæ, уæд уæ куыст адарддæр кæнут Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры интернет-химæисæны.