Собайты Григори Гурамы фырт
Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор
Райгуырд 8 январы 1981 азы Знауыры районы.
2004 азы каст фæци Тыбылты Алыксандры номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет, райста дзы барзонынады дæснынад.
2004–2005 — Республикæ Хуссар Ирыстоны Æфсæддон прокурорæйы стажер.
2005–2008 —Республикæ Хуссар Ирыстоны Æфсæддон прокурорæйы фæдысгарæг
2008–2011 — бынæтты кусджыты æнæуаг фыдмиты фæдыл фæдæвзæрыны бæрæг кæныны Генералон прокуратурæй хайады хистæр фæдысгарæг.
2011–2011 — Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы барадон актты зæкъæттæ æмæ закъондзинад æххæст кæныны хъусддарды фæдыл хайады хистæр прокурор.
2012–2013 — бынæтты кусджыты æнæуаг фыдмиты фæдыл фæдæвзæрыны бæрæг кæныны Генералон прокуратурæй хайады хистæр фæдысгарæг.
2013–2018 – Цхинвалы сахарон тæрхондоны тæрхонгæнæг.
2018–2022 – Республикӕ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты æфсæддон службæ.
2022 – нырыккон афонмæ – сахар Цхинвалы прокурор.
Къласы чин- юстицийы æртыгкагкъласы Паддзахадон уынаффæгæнæг
Йæ службæйон хæстæ цæвиттойнагæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд паддзахадон æмæ ведомствойон хорзæхтæй.
Хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фыдыбæсты хъахъхъæнæджы майданæй 2008 азы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады хъуыддаджы активон хайад кæй райста, республикæйы закъондзинад æмæ барвæтк фидар кæнынмæ стыр бавæрæн кæй бахаста, уый тыххæй (2009 азы 12 январы фыстæрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты ( Барамынд «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæныны тыххæй»).