Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы сырæзтыл 100 азы бонмæ
Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы азфыст: адæм, цаутæ, факттæ
Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы историйы райдиан нымад цæуы 1923 азы 1 октябрæй – Хуссар Ирыстоны Автономон областы æххæстгæнæг комитеты сконды.
Областы прокуратурæйы системæ саразын æмæ сфидар кæныны хъуыддаджы ахсджиаг ролы ахъазыд Советон Социалистон Республикты Цæдисы Уæлдæр Тæрхондоны Прокуратурæ, фæстæдæр – Советон Социалистон Республикты Цæдисы Прокуратурæ, фæлæ уыдоны бындурæвæрдæй прокуратурæйы æххæстбæрцон централизацикæнынад къухы афтæ тагъд нæ бафтыд. Райдианы хуссарирыстойнаг прокуратурæ практикон æгъдауæй уæвынад кодта бынтон æнæинструкцитæй, прокуратурæйы аппараты структурææмæ куыст чи бæлвырд кæны, æнæ ахæм хæслæвæрдтæ æмæ къухдариуæгадæй, фæлæ хицауиуæгады централон органтæ куыд фидардæр кодтой, афтæ рæзтысты æмæ фидардæр кодтой организацион формæтæ дæр, дарддæр кодта прокуратурæйы органты рæзт.
Прокуратурæйы компетенцимæ хаудысты паддзахадон уагдæттæ, æхсæнадон æмæ хисæрмагонд организацитæ æмæ æмбæстæгтæ, хицауиуæгады бынæттон органтæ закъондзинад куыд æххæст кæнынц, уыдæттæм паддзахады номæй цæстдард, афтæ ма йыл æвæрд æрцыд тæрхондонон, административон æмæ хæдзариуæггæнæг органты, æфхæрд ахицæн кæныны бынæтты закъондзинад хъахъхъæнынмæ цæстдарды функцитæ дæр, стыр куыст цыдис фыдракæндты ныхмæ тох кæнын æмæ закъондзинад фидар кæныны фæдыл. Цæстдард æххæст цыд закъоны ныхмæвæрд уынаффæтæн протесты хуызы, уголовон фæдагуырдмæ хъусдарын, фæдагурæн органты архайды закъондзинад бæрæг кæнын, развæлгъау бæлвырд кæнгæйæ.
Закъæттæ раст æххæст кæныны тыххæй цæстдарды фæдыл прокуратурæйы архайд уыцы-иу рæстæджы уагъд цыдис прокурорты хайадистæй советон закъæттимæ цæрджыты зонгæ кæныны ахсджиагдзинад æмбарынгæнæн куыст кæнгæйæ. Прокурорты хæсджын кодтой, цæмæй-иу раныхас кодтаиккой кусæгон коллективты æмбырдты, цæмæй адæмæн райхæлдтаиккой советон прокуратурæйы нысæнттæ æмæ хæстæ, ома, прокуратурæйæн æхсæнадимæ цы æнгом бастдзинад уыдис, уый æндæвта закъæттæ халынмæ уæлдай оперативондæрæй хъусдарыныл.
Алы районон прокурор дæр хæсджын уыд, цæмæй иу мæйы дæргъы цалдæр хатты раныхас кæна кусæг адæмы æмбырдты хицауад æмæ централон партион структурæты уынаффæтæ æмбарын кæныны нысæнттæн. Прокуратурæйы архайды уыцы спектр йæ бынат ссардта, абон дæр чи уæвынад кæны, уыцы прокуророн барадон рухсады, барадон пропагандæйы.
Дыууынæм азты Хуссар Ирыстоны Автономон областы территорийыл (фæстæдæр – Хуссар Ирыстоны автономон область) барадон хайы Централон управлени уыдис юстицийы камиссариаты дæлбар, кæцыйы сæргъ лæууыд юстицийы адæмон комиссар, уыцы-иу рæстæджы областы прокуроры хæстæ æххæстгæнгæйæ, афтæ ма областы Сæйраг тæрхондоны прокуроры хæстæ дæр. Йæ комкоммæ къухдариуæгады бын уыд Наркомюсты прокуратурæйы хайад чысылнымæц прокуророн кусджытимæ. Уый æххæст кодта тæрхондонон органты архайды тыххæй цæстдард дæр, афтæ ма æппæт куыстуæттæ æмæ уагдæтты архайдыл дæр, йæ хъус дардта закъондзинады принциптæ æххæст кæныны хъуыддагмæ. Уыцы бынæттæ уый иу кодта суанг 1930 азы 3 февралы онг, цалынмæ областы Наркомюст пырх æрцыд, уæдмæ; уыимæ Сæйраг тæрхондон æмæ прокуратурæ баззадысты Хуссар Ирыстоны ЦÆК дæлбар.
Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы фыццаг къахдзæфтæ æххæст цыдысты уæлвæткон, экономикон, политикон æмæ социалон зын уавæрты, уый бахъуыд стыр куыст бакæнын фыдракæнддзинад скуынæг кæныны тыххæй, меньшевикон бандæты баззайæццæгты, кæцытæ лæбурдтой горæт Цхинвалмæ, тырныдтой барвæтк фехалынмæ, лæгмæрдтæ, давын æмæ æндæр фыдракæндты фæрцы. Хуссар Ирыстоныл уæззау фæд ныууагътой меньшевиктæ; сæ антиадæмон политикæйæ гуырдзиаг меньшевиктæ Ирыстоны æркодтой йæ къухмæ мæгуыры лæдзæг райсыны онг. Хуссар Ирыстоны Автономон областы ногарæзт прокуратурæйы фыццаг прокурор Гæдиаты Юрийы фырт Никъала 1923 азы юстицийы адæмон камиссариаты архайды тыххæй йæ доклады нысан кæны, тæрхондæттæ æмæ прокуратурæ стыр куыст кæй бакодтой, уый, афтæ ма, уыцы архайд тынг уæззау уавæрты кæй цыд, уый тыххæй дæр.
Хуссарирыстойнаг прокуратурæйы институты райгуырд æмæ рæзт куыд «революцион закъондзинады рындз» (растæндæр – революцион), æнæскъуынгæ тæгтæй баст у стыр гоймæгты, хæстон командирты, 1917 – азты Хуссар Ирыстоны советон хицауад сфидар кæныны фæдыл революцион æмæ партизанон змæлдты хайадисджыты нæмттимæ: Гæдиаты Никъалайы, Абайты Владимиры, Гояты Михалы, Бахъаты Уасилы, Гасситы Никъалайы, Плиты Олгъайы, ирон ныхмæлæууынады хъайтар Санахъоты Матейы. Сæ биографитæ, сæ историон æвдисæндартимæ чи базонгæ уа, уый уайтагъддæр бамбардзæн, сæ нæмттæн куыд стыр нысаниуæг уыд Ирыстонæн йæ дыууæ хайы дæр.
Хуссар Ирыстоны Советон хицауад сфидар кæныны активон хайадисджытæ, хуссайраг ирæтты хæдуагæвæрды сæрыл тохгæнджытæ кодтой националон-сæрибаргæнæн тох Ирыстоны хуссар хаймæ лæбурджыты ныхмæ – нырма гуырдзиаг æлдæртты, фæстæдæр та Гуырдзыстоны официалон хицауады ныхмæ, Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хæйттæ кæрæдзийæ ахицæн кæныны æмæ йын йæ хуссар хай Гуырдзыстоны ССР юрисдикцимæ бакæныны ныхмæ, домдтой Цæгат Ирыстонимæ баиудзинад, Уæрæсейы скондмæ бацæуын.
Кæй зæгъын æй хъæуы, гуырдзиаг паддзахад, куыд меньшевикты рæстæджы, афтæ большевикты рæстæджы дæр (цӕвиттон, гуырдзыстоны Адӕмон гварди, В. Джугелийы разамындӕй, ссӕдзӕм ӕнусы райдианы Хуссар Ирыстоны геноцид чи ӕххӕст кодта, йӕ райдианы хуынди "Сырх гварди"), уыдта ирон активистты æмæ сæ фарсхæцджыты, уыдта иудзинадмæ тырнындзинад æмæ сæ нымадта æгъатыр знæгтыл, йæ зæрдыл дардта 1920 æмæ 1925 азты, кæцы рæстæджы Хуссар Ирыстон арæзта, «стыргуырдиаг арæзтады» плæнттæн стыр тæссагдзинад чи хаста, ахæм бафæлвæрдтытæ тбилисаг контролы бынæй раирвæзын æмæ дихгонд райгуырæн бæстæйы иудзинады тыххæй. Æртынæм азты репресситы уæрæхдзинадæй спайда кæнгæйæ гуырдзиаг хицæуттæ милмæ систой æмæ комкоммæ ныццавтой растæндæр ирон националон змæлды активистты, ахæмты фæдыл зилгæйæ – чидæриддæр Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны баиу кæныны фарст æвæрдта, чидæриддæр хайад иста иумæйагирон мадзæлтты, архайдта мадæлон æвзаджы рæзтыл, тох кодта 1917 – 1922 азты гуырдзиаг къухдариуæгады рдыгæй сфидаргонд контролькæнынады ныхмæ.
Афтæмæй, хуссарырыстойнаг прокуратурæйы сконды астæумагъз, кæцыты кадджын нæмттимæ баст у нæ фыдыбæстæйон прокуратурæйы историйы фыццаг сыф – Гæдиаты Н. Ю., Абайты В.М., Гояты М.Г., Бахъаты У.Б.,Гасситы Н.М., Плиты О.С., Санахъоты Г.И., Санахъоты М. К., куыд æппæт Хуссарирыстойнаг революционертæ, баисты репресситы амæттаг Гуырдзыстоны ССР МХЪАК æрымысæггаг хъуыддæгтæм гæсгæ, цыма сæ антисоветон архайды тыххæй, æмæ сæ æрымысæггаг национализмы аххосджын кæнгæйæ, реалон æгъдауæй та уый тыххæй, 1921 азæй фæстæмæ кæй архайдтой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны иу автономон республикæйы фæлгæтты баиу кæныныл.
Уыдонæй алкæй дæр сæ мæлæты фæстæ среабилитаци кодта Советон Социалистон Республикты Цæдисы Уæлдæр тæрхондон, фыдракæнддзинад сæм кæй нæ разынд, уый тыххæй. Нæ репрессигонд коллегæтæн æбæрæгæй баззадысты, кæм ныгæд æрцыдысты, уыцы бынæттæ, фæлæ сæ рухс нæмттæ цæрæнбонтæм баззайдзысты нæ зæрдæты.
Нæй срастгæнæн 30-40 азты репресситæн, уымæй дæр ахсджиаг у, иторийы ацы кæуинаг фарст кæй никуы бæлвырд кодта хуссарирыстойнаг прокуратурæйы æцæгдзинад; документтæ куыд бæлвырд кæнынц, афтæмæй историон æгъдауæй Хуссар Ирыстоны автономон областы прокуратурæ æртынæм азты иууыл тугуарæндæр рæстæджыты дæр нæ уыд æнæтæрхонæй æфхæрæг орган. Бæрæг куыд у, афтæмæй уыцы мисси æрхауд ГССР МХЪАК РУК, паддзахадон æдасдзинады органтæм. Нæй срастгæнæн 30-40 азты репресситæн, уымæй дæр ахсджиаг у, иторийы ацы кæуинаг фарст кæй никуы бæлвырд кодта хуссарирыстойнаг прокуратурæйы æцæгдзинад; документтæ куыд бæлвырд кæнынц, афтæмæй историон æгъдауæй Хуссар Ирыстоны автономон областы прокуратурæ æртынæм азты иууыл тугуарæндæр рæстæджыты дæр нæ уыд æнæтæрхонæй æфхæрæг орган. Бæрæг куыд у, афтæмæй уыцы мисси æрхауд ГССР МХЪАК РУК, паддзахадон æдасдзинады органтæм.
Административон-территориалон дихдзинæдтимæ хицæн историон æмæ социалон-экономикон рæстæджыты ивындзинæдтæ хаст цыдысты барадхъахъхъæнæг органты куысты спецификæмæ, прокуратурæйы органтæн сæхи структурæтæ дæр ивд цыдысты. Дыууынæм æнусы дыууынæм азтæй Хуссар Ирыстоны автономон област дих кодта 14 районыл, 1940 азы 1 майы ХИАО районтæ фестырдæр сты: сæ нымæц фæкъаддæр 14 æй 4 онг.
1929 азы Хуссарирыстойнаг прокуратурæйы организацион структурæйы æрцыд, ног адмистративон дихдзинад кæй расайдта, ахæм иуæй-иу ивындзинæдтæ. Арæзт æрцыд Цхинвалы æхсæнрайонон прокуратурæ, кæцы ахæм номимæ уæвынад кодта 1929 азæй 1934 азмæ.
1934 азы 25 сентябры Хуссар Ирыстоны ЦÆК рахаста «Областы тæрхондонон-фæдагурæн органты куысты тыххæй» уынаффæ. Уынаффæйы нысан цыд: «Сæйраг тæрхонгæнæг, прокуратурæ барæнтæ райсæнт адæмон тæрхонгæнджытæ æмæ фæдагурджытæм чи лæзæры, уыцы хъуыддæгтæ скуынæг кæныны фæдыл». Президиум банысан кодта, кусæг адæмæн лæггад кæныны хаххыл тæрхондонон органтæ сæ куыст фагбæрцæй кæй нæма рацарæзтой, ис, хъуыддæгтæ æнæркастæй кæй лæзæрынц, ахæм факттæ, æмæ уынаффæ рахаста хъуыддæгты рæстæй æвзарыны тыххæй, цæмæй уæлдай ахсджиагдæр хъуыддæгты фæдыл кæной æргом тæрхон, афтæ фæтыхджындæр кæной цæрджытæн массон æгъдауæй лæггадкæнынад, хъæууон æхсæнадтæ æмæ колхозон æмбаладон тæрхондæтты æмæ чырæгты æмархайд.
1935 азы 20 июлы Хуссар Ирыстоны обкомы бюро райста уынаффæ «Фосдарды фæдыл социалистон ерысы хуыздæр æнтыстыты тыххæй областы уæлахиздзинад ифтонг кæнæг барæнтты тыххæй», кæцыйы нысан цыд, цæмæй партион æмæ советон органтæ уæлдай хъусдард дарой колхозты къæрныхдзинады ныхмæ тох кæнынмæ. Колхозонтæ сæхæдæг та хъуамæ аудгæ ахаст дарой колхозон исадмæ æмæ йæ хъахъхъæной къæрныхтæ, цæстфæлдахджытæ æмæ алыгъуызон антиколхозон элементтæй. ЦÆК президиумы радон рабадты областы прокурор хыгъдон доклад скодта, колхозон исад паплой кæныны ныхмæ тох куыд цæуы, уый тыххæй.
Нæ историйы ахæм вазыгджын рæстæджы æртынæм азты æмбисæй, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азтæ дæр сæм бафтаугæйæ суанг 1949 азы онг Хуссар Ирыстоны автономон областы прокуратурæйы сæргъ лæууыд Джиоты Олгъa Семены чызг. Олгъæ Семены чызгæн йе мдугонтæ лæвæрдтой ахæм характеристикæ, куыд цæрджыты хсæн авторитетон æмæ æууæнкджын, бæрндзинадхæссæг æмæ компетентон прокурор, афтæ.
Олгъæ Семены чызг тырныдта, фыццаграды прокуратурæйы организацион куыст ныбиноныг кæнынмæ, прокурортæ æмæ фæдагурджыты дæлбар кусджыты организациондзинад æмæ дисциплинæ фидар кæнынмæ. Растæндæр гъеуæд æрцыд прокуратурæйы архайд, кæй йыл æвæрдæуыд, уыцы прокуророн функциты æмбæлон уагмæ.
Йæ къухдариуæгады рæстæгмæ хауынц прокуророн кусджыты хсæн хæслæвæрдтæ дих кæныныл дзурæг фыццаг документтæ. Арæзт æрцыд хайадтæ: иумæйаг цæстдарды, фæдагуырдмæ цæстдарды фæдыл, уголовон æмæ граждайнаг хъуыддæгты фæдыл тæрхондонон цæстдарды фæдыл, сæрмагонд хъуыддæгты фæдыл, ахæстты бынат, хъæстыты фарстмæ цæстдарды фæдыл. 1943 азы прокуророн-фæдагурæг кусджытæн фыццаг хатт сфидарчындæуыд классон чинтæ æмæ формæйон дарæс – куыстадон æмæ æххæсткæнынадон дисциплинæ сфидардæр кæныны нысанæн.
Уæдмæ областы прокуратурæйы органтæ æрцыдысты кæронмæ арæзт æмæ куыд центры, афтæ бынæтты дæр кодтой стыр куыст закъондзинад фидар кæнын æмæ фыдракæнддзинады ныхмæ тох кæныны фæдыл, фæлæ прокуратурæйы органты кадрты сконд фæхуыздæр кæнынмæ тырнындзинад урæд æрцыд 1941 азы райдайæг Стыр Фыдыбæстæйон хæсты аххосæй. Йæ фыццаг бонæй æмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын кæмæ бахъуыд, уыцы Уæлахизы боны онг дæсгай прокурортæ æмæ фæдагурджытæ Советон Æфсады рæнхъыты хæцгæ фæцыдысты арт, рыст æмæ туджы малтыл хизæг хæстон фæндæгтыл. Сæ разы нæ сæртæ ныллæг къул кæнгæйæ мах мысæм областы прокуратурæйы органты уыцы кусджыты, кæцытæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты хъахъхъæдтой нæ Райгуырæн бæстæ: Æлборты М.Е, Гаглойты Хазби, Гуыбаты Петр, Джангобегов Александр, Джыгкайты Никъала, Дыгъуызты Шалва, Чъыбылты Максим, Надирадзе Михал, Санахъоты Сергей, Трапанадзе Константине, Тузиков Николай, Хæныкъаты Уасил, æндæр фронтовикты – прокуратурæйы кусджыты.
Хуссар Ирыстон хæсты азты нымад цыд фæсчъылдымыл, фæлæ йæ цард кодта хæстон рæстæджы закъæттæм гæсгæ. Нæ областмæ эвакуацигонд æрцыдысты сæдæгай сывæллæттæ æмæ кардзыд адæм ССРЦ бирæ регионтæй, фронтовиктæн организацигонд æрцыд госпиталь.
Уыйæмрæстæджы мингай эвакуацигонд адæймæгты хсæн æмбæхстысты уголовон-фыдгæнæг элементтæ дæр. Хуссар Ирыстоны фæвазыгджындæр оперативон уавæр, сарæх сты фыдракæндтæ. Уæлдай фылдæр фыдракæндтæ æрцыд 1942 азы дыккаг æмбисы.
Уыцы рæстæг бирæ цымыдисон хъуыддæгтæй у зæрдылдаринаг. Уыцы рæстæджы æндыгъд куыстæн æвдисæн сты хъахъхъæдæрцæуæг архивон документтæ. Фæзынд, хæстон рæстæгимæ баст чи уыд, ахæм бирæ хæстæ; уæлдай актуалон уыдысты паддзахадон, кусæгон æмæ æфсæддон дисциплинæ халыны, паддзахадон æмæ æхсæнадон исад давыны ныхмæ тох кæнын; знаджы парашютисттæ – диверсантты, æфсæддон хыгъд халджыты ныхмæ тох кæнын æмæ афтæ дарддæр.
Хуссар Ирыстон Сырх Æфсады ифтонг кодта хæлц æмæ уæлæдарæсæй. Ахæм уавæрты прокуророн цæстдардæн йæ нысан уыд бæстæйы хъахъхъæнынадæн ахъазгæнæг закъæттæ хъахъхъæнын. Куыстгонд æрцыдысты закъонхалынадтæ сбæрæг кæныны методтæ – адæмæй сигналтæ райсгæйæ, прокуророн басгæрстытæ уадзын æмæ афтæ дарддæр.
1943 азы 16 июлы облæххæстком рахаста уынаффæ «Уæзласæн автотранспортæй æнæзакъонæй пайда кæныны ныхмæ мадзæлтты тыххæй». Уынаффæйы нысан цыд, фæстаг рæстæджы кæй апарахат автотранспортæй хисæрмагонд нысæнттæн пайда кæныны антипаддзахадон практикæ. Прокуратурæ æмæ милицийы органтæ, куыд æмбæлы, ахæм хъусдард не здахынц машинæскъæрджыты фыдракæндон архайдмæ, æмæ ахизынц шофырты фыдракæндон фактты иувæрсты, аххосджынты не ркæнынц карз бæрндзинадмæ, кæд уый тыххæй ССРЦ Прокуратурæйæ фæдзæхстытæ ис, уæддæр. Облæххæстком бæрндзинад сæвæрдта прокуратурæйы къухдариуæгадыл, цæмæй категорион æгъдауæй бафæдзæхсой милицийы бынæттон органты, автотранспортæй æнæзакъонæй пайда кæныны ныхмæ тох кæныны фæдыл. Уый фæстиуæгæн барадхъахъхъæнæг органтæ сæ куыст зынгæ фæтыхджындæр кодтой фæндагон змæлды æдасдзинадмæ хъусдарыны фæдыл, фæтыхджындæр кодтой фæндæгты уавæрмæ хъусдард, автотранспортон техникон уавæрыл контролькæнынад.
1948 азæй Джиоты Олгъа Семены чызг кусын райдыдта областон тæрхондоны, æмæ областон прокуратурæйы сæргъ слæууыд Цæболты Елизаветæ Павелы чызг, кæцы ведомствойæн къухдариуæг кодта 1953 азы онг. Уыцы азты бирæ фадгуыты куыстой сылгоймæгтæ: цадæггай фæуд кодта, хæстон ивгъуыд кæмæн уыд, уыцы пркурорты дуг. Уый уыд æнæхъæн эпохæ, кæцыйы фæрцы ис æрмæстдæр Хуссар Ирстоны цард банкъарæн æмæ бамбарæн.
1953 азæй 1990 азмæ Хуссар Ирыстоны Автономон областы прокуроры бынаты куыстой: Пилиты Димитр Владимиры фырт, Надирадзе Михал Ясоны фырт, Басишвили Захар Ростомы фырт, Квирквелия Зауыр Михалы фырт, Гатыгкоты Петр Сардийы фырт, Коцты Алексей Иваны фырт, Башарули Немо Шалвайы фырт.
Кадрты « ивылынад » – уый у прокуратурæйы органты карздæр проблемæтæй иу, уый цæстдарæн органыл уæлдай тынгдæр бандæвта 50 азты фæстæ. Уый баст уыд прокуророн кусджыты партион хаххыл æндæр бынæтты æвæрынимæ.
Уымæй уæлдай, æртынæм æмæ уый фæстæйы азты « чисткæйы » фæстиуæгæн ирон адæмы минæвæртты бынæттæй исыны фæстæ областон прокуратурæйы æппæт бæрнон бынæтты дæр фæндзайæм азтæй суанг æстайæм азты онг урæдтой æрмæстдæр этникон гуырдзиæгты. Прокуророн бынæтты уромыны ценрализацион фæтк практикон æгъдауæй фадат нал лæвæрдта бынæттон бардарынадæн.
ХХ æнусы 70-90 азты прокуратурæйы архайд нывæзт цыд 1977 азы райстæрцæуæг Конституцийы уагæвæрдтæ æмæ «ССРЦ Прокуратурæйы тыххæй закъонмæ» гæсгæ. Советон Социалистон Республикты Цæдисы Генералон прокурор Р. А. Руденко республикæты, крайты, областты, горæттæ æмæ районты прокурортæй домдта, цæмæй фæбæрзонддæр кæной паддзахадон зылынкæнынады æмвæзад, цæмæй тæрхондонон рæдыдтæ бындуронæй раст цыдаиккой цæстдарды фæткæвæрдмæ гæсгæ нæ, фæлæ прокурорты классикон протесттæм гæсгæ; цæмæй æгъатыр фыдгæнджытæ, уæлдайдæр та рецидивисттæ, карз æфхæрд цыдаиккой.
1965 азы ногæй арæзт æрцыд Цхинвалы æхсæнрайонон прокуратурæ; Советон Социалистон Республикты Цæдисы Генералон прокуроры 1965 азы 4 августы №409-м бардзырды бындурыл горæт Цхинвалы прокуратурæ рацарæзт æрцыд Цхинвалы æхсæнрайонон прокуратурæйæ, æвæрд ыл æрцыд горæт Цхинвал æмæ Цхинвалы районы прокуророн цæстдард æххæст кæныны бæрндзинад. Йæ сæргъ слæууыд Гаглойты Хазби Дауыты фырт, кæцы 1960 азæй къухдариуæг кодта Сталиниры районы прокуратурæйæн.
1979 азы 2 апрелы Хуссар Ирыстоны автономон областы прокуратурæйы куыст хуыздæр сорганизаци кæныны нысæнттæн, контроль фæтыхджындæр кæнын æмæ æмæ горæт æмæ районты прокурортæн æххуысæн Хуссар Ирыстоны автономон областы прокуроры бардзырдмæ гæсгæ йæ тыхы бацыд областы прокуратурæйы оперативон кусджыты хсæн хæстæ дих кæныны зоналон принцип, уыдон хъуамæ регулярон æгъдауæй цыдаиккой, кæмæ фидаргонд уыдысты, уыцы прокуратурæтæм æмæ прокурортæн кодтаиккой комкоммæ æххуыс куыст организаци кæныны хъуыддæгты.
1989 азы 11 майы областы прокуроры бардзырдмæ гæсгæ, прокуророн цæстдард уæлдай эффективондæрæй æххæст кæнын æмæ автономон областы прокуратурæйы аппараты кусджыты хсæн æмархайд фæтыхджындæр кæныны нысæнттæн предметон принципмæ гæсгæ арæзт æрцыдысты ахæм кусæгон къордтæ:
– Æмбæстæгты (куыстадон, æмбæстагон, цæрæнуатон, пенсион æмæ æнд.) бартæ æмæ æмæ уыдон интерестæ хъахъхъæнынад ифтонг кæнын.
– Паддзахадон дисциплинæ халын, социалон исад давыны ныхмæ тох куыд æххæст цæуы, алфæмблай æрдз æмæ "Советон Социалистон Республикты Цæдисы корпорацийы тыххæй""» актмæ цæстдард.
– Æмбæстæгты цард, æнæниздзинад æмæ гоймагон æргъадты ныхмæ фыдракæндтимæ, нозт кæнын, лодырдзинад æмæ къахбайдзинады ныхмæ тох кæнын.
Кусæгон къордтæн хæсгонд уыд, цæмæй систематикон æгъдауæй ахуыр кæной, анализ аразой æмæ сæ предметтæм гæсгæ æмиу кæной прокуророн фæдагурæн практикæимæ, уый тыххæй æмбæстæгты хъусынгæнинæгтæ, статистикон зонæнтæ æмæ æндæр информацийæ пайда кæнгæйæ, фæстиуджытæм гæсгæ прокуророн фердæхтдзинады барæнтæ социалон закъондзинад халыны сæраппонд.
Хуссар Ирыстоны автономон областы прокуратурæ уæвынад кодта 69 азы бæрц, пырх æрцыд 1992 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны пркуратурæ арæзт куы æрцыд, уæд.
1990 азы скарзуæвæг политикон уавæры Хуссар Ирыстоны областон советы депутаттæ райстой историон æмæ хъысмæтæвзарæн уынаффæ Хуссар Ирыстоны автономон областæй хæдбар республикæ саразыны тыххæй, ист æрцыдысты Геноциды деклараци æмæ Суверенитеты деклараци. Областон советы иуæй-иу депутаттæ 1990 азы 20 сентябры сессийы цахæм фарстатыл уынаффæ цæудзæн, уый зонгæйæ алыгъуызон æфсæнттæ æрымысгæйæ сессимæ не рбацыдысты. Бындуронæй уыдон уыдысты уæды партион-советон чиновниктæй. Фæлæ уыди ахæм адæймæгтæ дæр, кæцытæм разынд бæрндзинады бæрзонд æнкъарæн, цардысты сæ адæмы интерестæм гæсгæ, уыдонæн сæ царды алы хатт дæр уыд активон позици, ахæмтæ, куыд сгуыхт юристтæ Гаглойты Хазби Дауыты фырт, Гатыгкоты Петр Сардийы фырт, кæцытæн банымайæн ис хуссарирыстойнаг прокуратурæйы æнæхъæн эпохæйыл. Уыдоны хайадистæй бакуыст æмæ ист æрцыд республикæйы фыццаг Конституци æмæ закъæттæ, кæцытæ хуссарирыстойнаг паддзахадиуæгадæн сарæзтой барадон базæ. Биазырты Роберт дæр афтæ активонæй иста хайад адæмон фронты рабадтыты æмæ фæстагмæ слæууыд Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы сæргъ хæдбардзинады азты – 1993 азæй 1996 азмæ. Уæдæй фæстæмæ хусарирыстойнаг прокурортæ ивд цыдысты арæх, уый прокуратурæйы органты закъонбæрцон у фæсхæст азты.
Мæргъиты Зауыр Иваны фырт, Джиоты Валери Барисы фырт, Цгъойты Мераб Ильяйы фырт, Челæхсаты Зелим Георгийы фырт, Читаев Роланд Вахтангы фырт, Джыгкайты Владимир Михалы фырт, Коцты Æхсар Никъалайы фырт, – республикæйы алы Генералон прокурор дæр бахаста йæхи ахсджиаг хайбавæрд ног ирон прокуратурæйы арæзтадмæ, уыцы политикон æмæ экономикон уæлвæткон уавæрты закъондзинад хъахъхъæнынмæ. Цгъойты Мераб прокуратурæйæн къухдариуæг кодта æртæ хатты (1996 – 1998, 2001, 2012 – 2016).
1992 азы 14 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы Уынаффæмæ гæсгæ фидаргонд æрцыд республикæйы прокуратурæйы структурæ, кæцы, штатон нывæцмæ гæсгæ 1992 азæн централон аппараты управлени уыд 18 кусæджы скондæй (9 прокурор æмæ фæдагурæджы), 7 – горæт Цхинвалы прокурортæ (4 прокурор æмæ фæдагурæджы) 6 – Цхинвалы районы прокурортæ æмæ фæйнæ 5 кусæджы Ленингоры, Дзауы æмæ Знауыры районты прокуратурæты, районон прокурор æмæ фæдагурæджы дæр сæм бафтаугæйæ.
1995 азы 29 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон "Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы тыххæй ". Уыцы рæстæгæй райдыдта хæдбар Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы паддзахадон-барадон статус, бæлвырддзинад хаст æрцыд сæ цæстдардон бартæм. Уæдæй фæстæмæ закъонбæрцонæй бафидар сты сæ нысæнттæ æмæ хæстæ, дихгонд æрцыдысты прокуратурæйы органты структурæ æмæ архайды фæдыздæхтытæ, сфидар сты сæ бартæ, прокуратурæйы органты системæйы фæзынд ног хæрзгъæддзинадмæ рахизыны æууæлтæ.
Хуссар Ирыстоны адæмы скуынæг кæныны тыххæй Гуырдзыстон кæй уагъта, уыцы нысанмæздæхт политикæ, гуырдзиаг фашизмы активондзинад æмæ йæ фæстагæтты экстремистон архайдтытæ, тугкалдмæ кæнæг ныхмæлæудтæ Хуссар Ирыстоны территорийыл, регулярон æгъдауæй горæт æмæ хъæутæм æхсын, бирæнымæц уды зиæнттæ æмæ пырхæнтæм гæсгæ 90 азты бындур æвæрын бахъуыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Æфсæддон прокуратурæйæн. Хæстон уавæрты уæвгæйæ прокурортæ ифтонг кодтой закъæттæ дырысæй æххæст кæныны хъуыддаг. 1995 азы 18 декабры Æфсæддон прокуратурæйы фыццаг къухдариуæггæнæг ссис Гатыгкоты Петр Сардийы фырт. Æфсæддон прокуратурæйы уыдис Æфсæддон прокуроры æххуысгæнæг æмæ фæдагурæджы штаттæ.
1995 азы 5 сентябры арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы фæдагурæн хайад, фæстæдæр рацарæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы Фæдагурæн управленийæ. 1996 азы 15 июлы бафыстæуыд бардзырд Цхинвалы баиугонд прокуратурæ адих кæнын æмæ горæт Цхинвалы прокуратурæ саразын, кæцы пырх æрцыд уымæй иу афæдз раздæр. Йæ сæргъ слæууыд Челæхсаты Зелим Георгийы фырт, кæцы райста æмбæлон фæлтæрддзинад горæт Цхинвалы прокуратурæ æмæ Цхинвалы районы прокуратурæйæн къухдариуæг кæныны рæстæджы æмæ уæзгæ хайбавæрд бахаста закъондзинад æмæ барвæтк фидар кæныны хъуыддагмæ.
Паддзахады рæзтимæ республикæйы органты системæйы ивтой прокуратурæйы бынат æмæ нысаниуæг дæр, йæ архайд тыхджындæр кодта ногдзинæдтæй, ивд цыдысты прокуророн цæстдарды функцитæ. Нæуæдзæм азты цаутæ республикæйы прокуратурæйы органтæй æрдомдтой сæвзæргæ уавæры цырддзастдзинад, чи базæронд æмæ баихсыд, куысты уыцы формæтыл къух сисын, прокуророн цæстдарды эффективон методтæ агурын æмæ сæ пайда кæнын. 2007 азы 10 октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент райста «Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы тыххæй» Закъон, кæцыйæ къухдариуæг кæны йæ куысты абоны онг дæр.
2003 азæй æмæ уыйфæстæйы аст азы дæргъы суверенон республикæйы Генералон прокурор уыд Хуыгаты Таймураз Григолы фырт. Уый прокуророн органтæн къухдариуæг кæныны сæр бахъуыд уæззау рæстæджыты – хæстон уавæрты. Бирæнымæц терракттæ, лæгмæрдтæ, срæмыгъдтытæ, адæймæгты давын, æмæ æндæр уæззау фыдракæндтæ, кæцытæ дарддæр кодтой Саакашвилийы агрессийы режим, систы æрвылбонон реалондзинад. Гуырдзыстонæй цæуæг системон терроризмы политикæ анхъæвзта нæ республикæйы. Уыцы азтæ прокуратурæйы органтæн уыдысты алыгъуызон цаутæй йемыдзаг. Республикæйы барадхъахъхъæнæг органтæ, кæцыты координаци кодта прокуратурæ, Ирыстонæн уæззау рæстæг куы уыд, уæд фæйнæрдæм нæ азгъæлдысты, не рцыдысты парализацигонд, фæлæ хъæддых фæлæууыдысты æмæ равдыстой эффективондзинады бæрзонд къæпхæн 2004, 2008 азты гуырдзиаг агрессийы æмæ йæ фæстиуджыты ныхмæлæууынады дæр æмæ фæдагуырды хъуыддаджы дæр.
Хæсты рæстæджы, хæсты размæ æмæ хæсты фæстæйы хæстæ дæр кæд нæ республикæйы скъуыддзаг цыдысты иууыл уæрæхдæр спектры æнæбарвæндонæй, уæддæр арæх хызтысты структурон æмбарынады фæлгæттæй, сæвзæргæ уавæрты уыдон республикæйы прокуратурæйы органтæй домдтой æвæстиат ориентаци. Æмæ прокуратурæйы коллектив иу рæнхъыл цыдис барадхъахъхъæнæг органтимæ, хъахъхъæнынады тыхтимæ. Цыдысты хъæддых, фæндвидар къахдзæфтæй. Прокуратурæйы бахъуыд хæцæнгарзимæ республикæйы конституцион рæзт æмæ æдасдзинад бахъахъхъæныны сæр. Нæ системæйы кусджытæй алчи дæр æнкъардта, сабырад, фæтк æмæ закъондзинад фидар кæныны хъуыддаджы йæ хайадисты нысаниуæг. Бирæтæ рацыдысты тызмæг цардуагон скъола – бахъуыд сæ хæстон архайдтыты хайад исыны сæр, ис сын бæрзонд къæпхæны паддзахадон хорзæхтæ уыцы нымæцы, «Уацамонгæ»-йы ордентæ, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы медалтæ.
Нæуæдзæм азты, 2004, 2008 азты гуырдзиаг хæстон баиугæндтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бафæлвæрдтой прокуророн кусджыты аиуварс кæныныл. Хистæр фæдагурæг Собаты Григори фæцæф Ксуисы хъæуы æхсты рæстæджы, прокуратурæйы раздæры фæдагурæг Мæргъиты Иван Барисы фырт аконд æрцыд амынæты, бавзæрста амынæты хъизæмæрттæ, республикæйы прокуратурæйы хайады хистæр Томайты Сергей Арсены фырты та маргæ акодтой.
2004 азæй райдайгæйæ Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ бакодтой 166 бирæэпизодон уголовон хъуыддагы, кæцытæ баст уыдысты Гуырдзыстоны ракæнгæ фыдракæндтимæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы бакондæуыд 2845 уголовон хъуыддаджы. Геноцид хауы, æмгъуыдад кæуыл нæ парахат кæны, фыдракæндты ахæм категоримæ. Æрмæст 1920 азы фондз мин фæмардуæвæджы æмæ дыууын фондз мины сырдбаййафæджы – уый Хуссар Ирыстоны цæрджыты æмбис у. Уыдонмæ ма куы бафтауæм репрессигонд чи æрцыд, уыдоны, 1920 æмæ 1930 азты лагерты хъизæмарæй чи мард, уыдоны, 1950 æмæ 1960 азты Гуырдзыстоны алы къуымтæм барæй кæй фæхастой, уыдоны, чи фæцæф, уыцы 4 мин адæймаджы, 1989 азæй 1992 азмæ сабырцæрæг ирæттæй æбæрæгæй чи фесæфт, 2004 æмæ 2008 азты æфхæрд чи баййæфта, уыцы 5 мин адæймаджы, сæ хæдзæрттæ ныууадзыны сæр кæй бахъуыд æмæ Уæрæсемæ лидзинаг чи фæцис, æмæ, сæ зæххытæ æмæ сын сæ цæрæн бынæтты гуырдзы сæхи кæй бакодтой, уый тыххæй фæстæмæ чи нал æрыздæхт, уыцы 60 мин адæймаджы, 100 фылдæр сыгъдæрцæуæг ирон хъæуы – уыдон тастæфтауæг нымæцтæ сты. Гуырдзиаг хицауад анекси скодта Ирыстоны скæсæйнаг хайы зæххытæ, кæцы нымад цæуы ирон адæммæ ахасты Геноциды фыдракæндтæн сæ бындурон хай.
Республикæ Хуссар Ирыстон архайы ирон адæмы геноциды тыххæй Гуырдзыстоны бæрндзинады æхсæндунеон банымад къухы бафтын кæныныл. Мах зилдзыстæм аххосджын фыдгæнджыты фæдыл, цалынмæ уыдоныл тæрхон æрцæуа, æмæ æмбæлон æфхæрд баййафой, уæдмæ.
Чысыл нæ ахъаз кæнынц прокуратурæйы разылæууæг хæстæ æххæст кæнынæн Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæтæ æмæ барадхъахъхъæнæг органтимæ бастдзинæдтæ æмæ æмгуыстад, афтæ æввахс æмæ дард фæсарæйнаг бæстæтимæ дæр, нæ адæмты монон æмæ историон ахастытыл бындуриуæг кæнгæйæ.
2008 азы 14 августы Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг 105 статьяйы 2 хаймæ гæсгæ (дыууæ кæнæ фылдæр адæймаджы амарын, дзыллон тæссагдзинадимæ амалæй знæмон æмæ националон æнæуынондзинады мотивтæм гæсгæ) æмæ УФ УК 357 статьямæ гæсгæ (геноцид). 2010 азы 4 марты ма конд æрцыд ноджы иу уголовон хъуыддаг, УФ УК 356 статьяйы 1 хаймæ гæсгæ фыдракæнды æууæлтæм (бар кæмæн нæй, хæсты ахæм методтæ æмæ фæрæзтæй спайда кæнын, УФ УК 359 статьяйы 2 хаймæ гæсгæ (баххуырсын) æмæ УФ УК 360 статьяйы 1 хаймæ гæсгæ (адæммæ кæнæ æхсæндунеон хъахъхъæнынад кæмæн ис, ахæм уагдонмæ ныббырсын). Хуссар Ирыстоны цæрджытæм ахасты геноциды факттæ бæлвырд æрцыдысты, 200 уырыссаг фæдагурæгæй фылдæр кæй ауагътой, уыцы фæдагуырды фæрцы. Æфхæрдбаййафджытæ æмæ æвдисæнты хуызы бафарстæуыд 5 мин адæймаджы. Уыдоны бавдисгæ зонæнтæ фидар кæнынц геноциды факттæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæм ахасты.
Фыдракæндтæ æмæ бархалынадты ныхмæ тохæн ног цырынгæнæг тых радтой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы хсæн уголовон хъуыддæгты фæдыл кæрæдзийæн барадон æххуыс кæныны тыххæй æхсæнпаддзахадон æмвæзадыл 2014 азы 14 октябры фыстæрцæуæг Бадзырд, Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæйы хсæн æмгуыстады тыххæй 2008 азы 1 октябры фыстæрцæуæг Æмразыдзинад, Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæдагурæн Комитеты хсæн æмгуыстады тыххæй 2016 азы 8 июны фыстæрцæуæг Æмразыдзинад, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ æмæ Республикæ Абхазы Генералон прокуратурæйы хсæн æмгуыстады тыххæй 2014 азы 14 апрелы фыстæрцæуæг Æмразыдзинад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы Генералон прокуратурæйы хсæн æмгуыстады тыххæй 2019 азы 4 октябры фыстæрцæуæг Æмразыдзинад.
Нæ ведомствоты æмгуыстады фæлгæтты, къухыбафтгæ бадзырдтæм гæсгæ æрвылаз дæр Уæрæсейы Федерацийы Фæдагурæг комитеты Академийы алыгъуызон программæты сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынц дæсгай хуссарирыстойнаг фæдагурæг кусджытæ, прокурортæ, прокурортæ-криминалисттæ.
Алы рæстæджыты дæр прокуратурæйы органты сæйраг хъæздыгдзинад уыдысты йæ намысджын кусджытæ. Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæ у – 4 районон, горæтон æмæ Æфсæддон прокуратурæтæ, дыууæ управленийы скондæй централон аппарат, Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы 5 хайады. Æппæт уыцы структурæты æнæрынцой куыстæй ифтонг кæнынц 100 йæ фылдæр кусæджы.