Джиоты Олгъа Семены чызг
Хуссар Ирыстоны Автономон областы прокурор
1.03.1938 — 12.10.1948
Райгуырд Хуссар Ирыстоны 1907 азы. Уыд Æппæтсоюзон коммунистон партийы уæнг (ВКП(б)), 1938 азæй 1948 азмæ уыд Хуссар Ирыстоны автономон областы прокурор. Уыцы рæстæгмæ прокуратурæйы органтæ арæзт æрцыдысты, æмæ стыр куыст арæзтой центры æмæ бынæтты закъон фидар кæныны æмæ фыдракæндтимæ тох кæныны хъуыддаджы.
Хæсты æзты размæ æмæ сæ фæстæ Джиоты Ольгæ бахауд политикон интригæты эпицентрмæ, диссагæй аиварзт ахстæй. Йе ‘мдугонтæ Ольгæ Семены чызджы характеристикæ кæнынц куыд бæрнон æмæ компетентон прокурор, кæцыйæн уыд авторитет æмæ æхсæнады æууæнкдзинад.
Семены чызг Ольгæ, фыццаг дæр, тырныдта уымæ, цæмæй прокуратурæйы куыст срæвдз кæна, организацигонддзинад, прокурорты æмæ фæдагурджыты дисциплинæ бафидар кæна. Раст уӕд прокуратурӕйы архайд лӕвӕрд ӕрцыд, цы прокуророн функцитӕ йыл ӕвӕрдтой, уыдонимӕ. Йӕ разамынды рӕстӕгмӕ хауынц прокуроры кусджыты ӕхсӕн хӕстӕ байуарыны фыццаг гæххæттытæ. Арӕзт ӕрцыдысты хайӕдтӕ: иумӕйаг цӕстдард, фæдагурды цӕстдард, уголовон ӕмӕ æмбæстагон хъуыддӕгты тӕрхондоны цӕстдард, сӕрмагонд хайӕдтӕ, ахӕсты бынӕттӕм цӕстдард, хъӕстытӕ.
Юстицийы хистæр уынаффæгæнæг. 1945 азы хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы орденæй, «Кады Нысан»-ы орденæй, «Кавказ бахъахъхъӕныны тыххӕй» æмæ «Фыдыбӕстӕйы Стыр Хӕсты 1941-1945 азты Ӕхсарджын Куысты тыххӕй» майдантæй.