Æхсæнадæмон барзонады фæткдары æмгуыскæнынады хайад
«Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы тыххæй» Закъонмæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ йæ компетенцийы фæлгæтты комкоммæ бастдзинад æххæст кæны фæсарæйнаг паддзахадты æмбæлон органтæ æмæ æхсæндунеон организацитимæ, бар ын ис, цæмæй æмразыдзинæдтæ араза барадон æххуыс æмæ фыдракæндты ныхмæ тох кæныны фарстаты фæдыл. 2008 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны цалдæр паддзахады кæй банымадтой, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæ æмæ æндæр паддзахадты прокуратурæты органтимæ æмгуыстад æххæст кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы органты структурæйы арæзт æрцыд Æхсæндунеон-барадон æмгуыстады фæдыл управлени. Управленийы барадон бындур сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци, Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъæттæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæндунеон бадзырдтæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон «Прокуратурæйы тыххæй», Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады акттæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы нормативон-барадон акттæ, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы барады нормæтæ дæр, кæцытæ архайынц Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы 1992 азы 29 январы райсгæ Уынаффæйы бындурыл, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы бацамындтæ æмæ уынаффæтæ дæр.
Республикæ Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурæ адæймаджы бартæ æмæ сæрибардзинад хъахъхъæнынмæ здæхт чи у, уыцы тыхтæн уæлдай ахсджиаг нысаниуæг дæтгæйæ, фыдракæндты ныхмæ тох кæныны къабазы прокуратурæйы органты хсæн æмгуыстады ахсджиагдзинад нымайгæйæ, 2008 азы 1 октябры æрфыста фыццаг æмразыдзинад Республикæй Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæйы хсæн. Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæйы хсæн æмгуыстады тыххæй Æмразыдзинад реализаци кæныны нысæнттæн 2008 азы 1 октябры Мæскуыйы къухтæ фыст æрцыд 2013-2014 азтæн ведомствоты хсæн «Æмгуыстады программæ».
2014 азы 14 апрелы горæт Сухумы Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Цъойты Мераб æиæ Республикæ Абхазы Генаралон прокурор Сергей Миканба, æхсæндунеон барады иумæйагæйнымад принциптæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы закъондæдтынæдты уагæвæрдтыл бындуриуæггæнгæйæ, сæ паддзахадты суверенитет æмæ хæдбардзинады принциптæ хынцгæйæ, кæрæдзиæмбарынады бындурыл дыууæфарсон æмгуыстад рауæрæхдæр кæнынмæ тырнындзинады бындурыл сæ къухтæ æрфыстой «Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ æмæ Республикæ Абхазы Генералон прокуратурæйы хсæн æмгуыстады тыххæй» Æмразыдзинадыл. 2016 азы 18 марты дыууæ паддзахады хсæн фыдракæндты ныхмæ тох кæныны къабазы уæлдай эффективондæр æмгуыстады нысæнттæн, афтæ ма уголовон хъуыддæгты фæдыл кæрæдзийæн иумæйаг барадон æххуыс бакæныны къабазы Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хсæн фыст æрцыд «Уголовон хъуыддæгты фæдыл кæрæдзийæн барадон æххуыс кæныны тыххæй» Бадзырд.
Куыд уголовон хъуыддæгты фæдыл тæрхондоны агъоммæйы кондады къабазы фыдракæндты алыгъуызон фæдыздæхтыты, уæлдайдæр та организацигонд транснационалон формæты, эффективон ныхмæлæууынады фæрæзтæй сæ иу, афтæ æхсæндунеон æмгуыстадæн уæлдай ахсджигадзинад дæтгæйæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон Прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæдагурæн комитеты сæрдар Александр Бастрыкин 2016 азы сæ къухтæ æрфыстой «Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæдагурæн комитеты хсæн æмгуыстдинады тыххæй» Æмразыдзинадыл.
Æхсæндунеон æмгуыстады фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокурортæ сæ къухтæ кæуыл æрфыстой, уыцы Æмразыдзинадмæ гæсгæ фæдагурæг æмæ прокуророн кусджыты професионалон æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны нысæнттæн горæттæ Мæскуы æмæ Санкт-Петербурджы Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæйы Академиты рахицæнгонд квотæтæм гæсгæ сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны фæдыл курсытæ рацыдысты прокуратурæйы фараст кусæджы, уыцы нымæцы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг дæр. банысангонд ахуыргæнæн уагдæтты дарддæр дæр плангонд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы органты æндæр кусджыты квалификаци фæбæрзонддæргæнæн курсытæ рацæуыны хъуыддаг.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы фæдагурæг кусджыты профессионалон æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны нысæнттæн къухтæ фыст æрцыд бадзырдыл Уæрæсейы Федерацийы Фæдагурæн комитеты Академийы ФГБОУВО йы квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытæ рацæуыны тыххæй Генералон прокуратурæйы Фæдагурæн управленийы æххæст сконд иууылдæр рацыдысты квалификаци фæбæрзонддæр кæнын курсытæ горæттæ Мæскуы æмæ Санкт-Петербурджы «Уæрæейы Федерацийы Фæдагурæн комитеты Академийы» ФО ФГБУ. Квалификаци фæбæрзонддæр кæныны хъуыддаг адарддæр 2019 азы, 2019 азы райсгæ программæмæ гæсгæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæйы 2018-2019 азтæн æмгуыстады программæтæ реализаци кæныны фæлгæтты горæт Цхинвалы уагъд æрцыд фембæлд-тымбыл фынг Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæйæ æрцæуæг коллегæтимæ ахæм темæйыл: «Прокуророн цæстдард организаци кæнын, паддзахадон хицауиуæгады æмæ бынæттон хæдуагæвæрды органты рдыгæй закъæттæ æмæ барадон акттæм ахасты закъондзинад куыд хъахъхъæд цæуынц, уый фæдыл».
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генаралон прокурор æмæ ацы фæдыздæхтыты архайд æххæст кæнынын тыххæй бæрндзинадхæссæг Уæрæсейы Федерацийы генералон прокуратурæйы къухдариуæгады хайадистæй 2018 азы 21 æй 23 æм августмæ гæрæт Мæскуыйы уагъд æрцыд фембæлд-тымбыл фынг ахæм темæйыл: «Уголовон æфхæрд кæмæн рахастæуыд, уыдон æххæст кæныны, фыдракæнд саразынæй аххосджынтæ æмæ гуырысхойæгты ахстæй дарыны тыххæй закъондзинад хъахъхъæныны фæдыл прокуророн цæстдардмæ хъусдарын æмæ организаци кæнын».
Организацигонд æрцыд Республикæ Хусар Ирыстоны Генералон прокуроры хайадист О.Е.Кутафины номыл Мæскуыйы юридикон университеты уагъд цæуæг форумы куысты ахæм темæйыл: «Экономикон архайды хайадисджыты интерестæ хъахъхъæныны къабазы закъондзинад æххæст кæнын».
Реализацигонд цæуы бадзырд Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы кусджыты санитарон-курортон хос кæныны фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæйы санаториты (Краснодары крайы горæт Сочийы санатори Электроника æмæ Мæскуыйаг областы «Истра»-йы.)
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ у ахæм иунæг хуссарирыстойнаг компетентон орган, кæцы фæсарæйнаг паддзахадтæм æрвиты домæнтæ ахæм цæсгæмтты радтыны тыххæй, кæцытæ хъуамæ конд æрцæуой уголовон бæрндзинадмæ кæнæ тæрхонрахаст сæххæст кæнынмæ, афтæ ма исы уынаффæтæ фæсарæйнаг паддзахадты домæнтæм гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстонæй искæй радтыны тыххæй.
Уымæй уæлдай ма Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы Æхсæндунеон-барадон æмгуыстады управлени æххæст кæны домæнтæ æрвитын (хæслæвæрдтæ) уголовон хъуыддæгтæ æмæ фæсарæйнаг паддзахады басгæрстмæ гæсгæ æрмæджыты тыххæй барадон æххуыс бакæныны фæдыл, афтæ ма æндæр паддзахадты компетентон органтæй райсгæ домæнтæ æмæ хæслæвæрдтæ æххæст кæныны фæдыл.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондзинадмæ гæсгæ, архайæг æмразыдзинæдтæ æмæ бадзырдтæм гæсгæ, афтæ ма кæрæдзийæн æххуыс кæныны принципты бындурыл дарддæр дæр хъавы фæсарæйнаг паддзахадтимæ æмгуыстад фидардæр кæнынмæ архайды цыфæнды фæдыздæхты дæр.