1 уац. Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæ
- Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци куыд хъахъхъæд цæуы
æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл архайæг закъæттæ куыд
æххæст цæуынц, Республикæ Хуссар Ирыстоны номæй уымæ хъусдарæг
иугонд централизацигонд органты системæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæ ма æххæст кæны закъоны
æвæрд æндæр функцитæ дæр.
- Закъоны бархъомыс, иудзинад æмæ закъонондзинад сифтонг
кæнын, адæймаг æмæ æмбæстаджы бартæ æмæ сæрибардзинад, афтæ ма
закъоны бар кæуыл цæуы, æхсæнады æмæ паддзахады уыцы интерестæ
хъахъхъæныны нысанæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæ
æххæст кæны:
- министрадтæ, паддзахадон комитеттæ, æххæстгæнæг хицауады
комитеттæ æмæ æндæр органтæ, бынæттон хæдразамынады органтæ,
æфсæддон разамынады органтæ, уыдон бæрнон цæсгæмттæ, коммерцион
æмæ æнæкоммерцион организациты разамынады органтæ æмæ
къухдариуæггæнджытæ закъон куыд æххæст кæнынц, уымӕ, афтæ ма
закъонимæ уыдоны арæзт барадон актты æмразыдзинадмæ хъусдард;
- министрадтæ, паддзахадон комитеттæ, æххæстгæнæг хицауады
комитеттæ æмæ æндæр органтæ, бынæттон хæдразамынады органтæ,
æфсæддон разамынады органтæ, хъусдарæг органтæ, уыдон бæрнон
цæсгæмттæ, афтæ ма коммерцион æмæ æнæкоммерцион организациты
разамонæг органтæ æмæ къухдариуæггæнджытæ адæймаджы æмæ
æмбæстаджы бартæ куыд хъахъхъæнынц, уымæ хъусдард;
- оперативон-фæдагурæн архайд, развæлгъау фæдагуырд æмæ
фæдагуырды органтæ закъон куыд æххæст кæнынц, уымæ хъусдард;
- тæрхондоны пъырыстыфтæ закъон куыд æххæст кæнынц, уымæ
хъусдард;
- æфхæрд æххæстгæнæг æмæ тæрхондоны снысангонд æнæбархион
мадзæлттæ ифтонггæнæг органтӕ æмæ уагдæтты администрацитæ, урæд
æрцæуæг æмæ ахæсты уæвджыты дарӕн бынæтты администрацитæ закъон
куыд æххæст кæнынц, уымæ хъусдард;
- Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл архайæг уголовонпроцессуалон закъондæттынады æвæрд æххæстбартæм гæсгæ уголовон
æфхæрд ӕххӕст кӕнынад;
- фыдракæндты ныхмæ тохы фæдыл барадхъахъхъæнæг органты
архайд координаци кӕнынад;
- Республикæ Хуссар Ирыстоны процессуалон закъондæттынадимæ
æмразыйæ прокурортæ хайад исынц тæрхондæттæ, арбитражон
тæрхондæтты (дарддæр – тæрхондæттæ) хъуыддæгтæ æвзӕрсты,
æнæразыйы уынаффæ хæссынц закъоны ныхмæ чи у, тæрхондæтты ахæм
фæндæттæ, тæрхон рахастытæ, снысангæндтæ æмæ уынаффæты фæдыл.
- Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæ хайад исы
закъонсфæлдыстадон архайды.