Æхсæнадæмон æмгуыстад
«Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы тыххæй» 2007 азы 10 октябры №99 райстæрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 2 статьямæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ йæ компетенцийы фæлгæтты æххæст кæны комкоммæ бастдзинæдтæ фæсарæйнаг бæстæты æмбæлон органтæ æмæ æхсæндунеон организацитимæ, бар ын ис, араза æмразыдзинæдтæ фыдракæндтимæ тох кæныны барадон æххуысы фарстаты фæдыл.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы архайды приоритетон фæдыздæхтытæй иу у фæсарæйнаг паддзахадты компетентон органтæ, афтæ ма æхсæндунеон органтæ æмæ организацитимæ æмгуыстад. Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы æхсæнадæмон архайды барадон базæ сты æхсæнадæмон-барадон акттæ, бадзырдтæ, æмразыдзинæдтæ, суагъæтæ æмæ æндæр документтæ.
Фыццаграды уый у республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы хсæн уголовон хъуыддæгты фæдыл кæрæдзийæн барадон æххуыс кæныны тыххæй æхсæнпаддзахадон æмвæзадыл 2014 азы 14 октябры фыстæрцæуæг Бадзырд, Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæйы хсæн æмгуыстады тыххæй 2008 азы 1 октябры фыстæрцæуæг Æмразыдзинад, Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæдагурæн Комитеты хсæн æмгуыстады тыххæй 2016 азы 8 июны фыстæрцæуæг Æмразыдзинад, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ æмæ Республикæ Абхазы Генералон прокуратурæйы хсæн æмгуыстады тыххæй 2014 азы 14 апрелы фыстæрцæуæг Æмразыдзинад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы Генералон прокуратурæйы хсæн æмгуыстады тыххæй 2019 азы 4 октябры фыстæрцæуæг Æмразыдзинад.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ йæ компетенцийы фæлгæтты дарддæр дæр исдзæн фæдфæдылон мадзæлттæ æхсæнадæмон барадон æмгуыстады республикæйы прокуратурæйы архайд уæрæхдæр æмæ арфдæр кæныны фæдыл.