Хуыгаты Таймураз Григорийы фырт
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор
27.02.2003 — 21.03.2012
Райгуырд 1974 азы 31 июлы Хуссар ирыстоны автономон облӕсты сахар Цхинвалы.
1996 азы каст фӕци Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон Университеты юридикон факультет "Барадхъахъхъӕнынад"-ы дӕсныйадӕй. Иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ каст фӕцис Уӕрӕсейы Федерацийы Президенты Паддзахадон службӕйы Академи (РАГС).
Дипломджын специалист суӕвгӕйӕ, йӕ фӕллойадон куыст райдыдта Уæрæсейы Федерацийы Юстицийы Министрады Управленийы РЦИ-Аланийы закъонӕвӕрынады хайады сӕйраг специалисты бынаты. 2000 азӕй 2003 азмӕ ахуыргӕнӕгӕй куыста Паддзахадон Хӕххон Аграрон Университеты юридикон факультеты.
2003 азы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Парламенты Уынаффӕмӕ гӕсгӕ нысангонд ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры бынатмӕ. 2008 азы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Парламенты Уынаффӕмӕ гӕсгӕ нысангонд ӕрцыд Хуссар ирыстоны Генералон прокурорӕй иннӕ фондз азы ӕмгъуыдмӕ. 2012 азы 20 мартъийы республикӕ Хуссар ирыстоны Парламентмӕ курдиат балӕвӕрдта, цӕмӕй бархийӕ суӕгъд уа.
Къласы чин — дыккаг къласы юстицийы Паддзахадон уынаффӕгӕнӕг. Паддзахадон хӕрзиуджытӕ: • Хӕлардзинады Орден (Хуссар Ирыстон) — республикӕ Хуссар ирыстоны зӕххыл хӕлардзинады ахастытӕ ӕмӕ сгуыхтдзинӕдты рӕзтмӕ стыр сӕрмагонд ӕвӕрӕн кӕй бахаста, уый тыххӕй. • Хӕлардзинады Орден (2011 азы 1 сентябрь, Уӕрӕсе) — уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ахастдзинӕдты рӕзтмӕ стыр ӕвӕрӕн кӕй бахаста, уый тыххӕй. • Майдан "фӕллойадон ӕхсары тыххӕй" (2009 азы 15 июны, ПМР) — бирӕ азты фӕллойадон архайды тыххӕй ӕмӕ уыимӕ цы ӕхсар равдыста, уый тыххӕй. • Майдан" Приднестровьейы сабырадон операцийы Архайӕгӕн " (2008 азы 4 июль, ПМР). Уагдонадон хӕрзиуджытӕ: • Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕдсгарӕн Комитеты Сӕрдары бардзырдмӕ Гӕсгӕ хорзӕхджынгонд ӕрцыд Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕдсгарӕн Комитеты майданӕй "ӕххуыс кӕныны тыххӕй". • Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕдсгарӕн Комитеты Сӕрдары бардзырдӕй хорзӕхджынгонд ӕрцыд "хуссар ирыстоны агрессийы ныхмӕ архайды тыххӕй" фесгуыхты нысанӕй. • Республикӕ Беларусы Мидхъуыддæгты Министрады 2008 азы 20 августы бардзырдӕй Хорзӕхджынгонд ӕрцыд Республикӕ Беларусы Мидхъуыддæгты Министрады хъахъхъӕнынады Департаменты риуылдаргӕ нысанӕй "Адззнакы тыххӕй". • Хорзӕхджын ма у къорд уагдон ӕмӕ ӕхсӕнадон хӕрзиуӕгӕй.