Абуладзе Георги Александры фырт
Райгуырд 23 октябры 1948 азы сахар Цхинвалы.
В 2002 азы каст фæци Тыбылты Алыксандры номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет, райста дзы барзонынады дæснынад.
1998–2001 — Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы барадон актты зæкъæттæ æмæ закъондзинад æххæст кæныны хъусддарды фæдыл хайады прокурор.
2001–2007 — Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы барадон актты зæкъæттæ æмæ закъондзинад æххæст кæныны хъусддарды фæдыл хайады хистæр прокурор.
2007–2018 — Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы барадон актты зæкъæттæ æмæ закъондзинад æххæст кæныны хъусддарды фæдыл хайады сæргълæууæг.
Юстицийы хистæр уынаффæгæнæг.
Йæ службæйон хæстæ цæвиттойнагæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд паддзахадон æмæ ведомствойон хорзæхтæй.
Хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт юристы кадджын номæй 2008 азы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады хъуыддаджы активон хайад кæй райста, республикæйы закъондзинад æмæ барвæтк фидар кæнынмæ стыр бавæрæн кæй бахаста, уый тыххæй (2009 азы 12 январы фыстæрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты (Указ Барамынд «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæныны тыххæй»).