Бибылты Роланд Валерийы фырт
В 2006 азы каст фæци Тыбылты Алыксандры номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет, райста дзы барзонынады дæснынад.
2007–2008 —Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы Фæдагурæн хайады стажер. Генералон прокуратурæйы Фæдагурæн хайады фæдысгарæг.
2008–2022 — Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы Экспертонкриминалистон хайады прокурор-криминалист.
2022 – нырыккон рæстæгмæ — Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы Экспертонкриминалистон хайады сæргълæууæг.
Юстицийы кæстæр уынаффæгæнæг.
Йæ службæйон хæстæ цæвиттойнагæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд паддзахадон æмæ ведомствойон хорзæхтæй.
Хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ 2008 азы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады хъуыддаджы активон хайад кæй райста, республикæйы закъондзинад æмæ барвæтк фидар кæнынмæ стыр бавæрæн кæй бахаста, уый тыххæй (2009 азы 12 январы фыстæрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты ( Барамынд «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæныны тыххæй»).