Дьяконты Амиран Евгены фырт
Райгуырд 24 декабры 1981 азы сахар Цхинвалы.
2000 азы каст фæци Тыбылты Алыксандры номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет, райста дзы барзонынады дæснынад.
2004–2004 — Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы Фæдагурæн хайады стажер.
2004-2007 — Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы Фæдагурæн хайады фæдысгарæг.
2007–2008 — Статистикæ, цæстдард æххæсткæныны, кадрты æмæ рæстдзинад ифтонг кæныны Генералон прокуратурæйы хайады прокурор.
2007–2008 — Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы Фæдагурæн хайады фæдысгарæг.
Дыккаг классы юрист.
Йæ службæйон хæстæ цæвиттойнагæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд паддзахадон æмæ ведомствойон хорзæхтæй.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинды ӕмӕ территориалон ӕнӕхъӕндзинады хъуыддагмæ йе ‘стыр хайбавæрды тыххæй Уацамонгæйы орденæй хорзæхджын æрцыд (Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты 20 сентябры 2008 азы Барамынд «Уацамонгæйы орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй»).