Кокойты Эльдар Дмитрийы фырт
1996 азы каст фæци Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты юридикон факультет, райста дзы барзонынады дæснынад.
Йæ кусты архайд райдыдта арæзтады 1986 азы.
1997–1999 — горæт Мурманскы мидхъуыддæгты хайады фæдысгарæг.
2000–2007 — куыста Республикӕ Цæгат Ирыстоны прокуратурӕйы органты алыхуызон бӕрнон куыстыты.
2007–2012 год — Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры фыццаг хæдивæг.
Юстицийы хистæр уынаффæгæнæг.
Йæ службæйон хæстæ цæвиттойнагæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд паддзахадон æмæ ведомствойон хорзæхтæй.
Хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы Фæдагурæн комитеты Хуссар Ирыстоны агрессийы ныхмæ тохы хайад исыны фæдыл уæлдай сгуыхтдзинады нысанæй закъон æмæ ардбахæрдыл æнувыддзинады тыххæй, Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы цур Фæдагурæн комитеты кусджытæн æххуыс кæныны æмæ 2008 азы августы агрессийы ныхмæ æрлæууыны тыххæй хæслæвæрдтæ æххæст кæныны хъуыддагæн ахъаз кæныны тыххæй (2009 азы 1 июлы фыстæрцæуæг Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы цур Фæдагурæн комитеты бардзырд).