Козаты Алексей Ауызбийы фырт
В 2009 азы каст фæци Тыбылты Алыксандры номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет, райста дзы барзонынады дæснынад.
2006 – нырыккон рæстæгмæ — Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы Экспертонкриминалистон хайады прокурор-криминалист.
Юстицийы уынаффæгæнæг.
Йæ службæйон хæстæ цæвиттойнагæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд паддзахадон æмæ ведомствойон хорзæхтæй.
Хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ 2008 азы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады хъуыддаджы активон хайад кæй райста, республикæйы закъондзинад æмæ барвæтк фидар кæнынмæ стыр бавæрæн кæй бахаста, уый тыххæй (2009 азы 12 январы фыстæрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты (Указ Барамынд «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæныны тыххæй»), афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы Фæдагурæн комитеты «Хуссар Ирыстоны агрессийы ныхмæ тохы хайад исыны» фæдыл уæлдай сгуыхтдзинады нысанæй закъон æмæ ардбахæрдыл æнувыддзинады тыххæй, Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы цур Фæдагурæн комитеты кусджытæн æххуыс кæныны æмæ 2008 азы августы агрессийы ныхмæ æрлæууыны тыххæй хæслæвæрдтæ æххæст кæныны хъуыддагæн ахъаз кæныны тыххæй (2009 азы 1 июлы фыстæрцæуæг Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы цур Фæдагурæн комитеты бардзырд).