Плиты Алан Сергийы фырт
Райгуырд 16 ноябры 1974 азы в г.Цхинвал.
В 2000 каст фæци Тыбылты Алыксандры номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет, райста дзы барзонынады дæснынад.
2004–2005 — Республикæ Хуссар Ирыстоны Æфсæддон прокурорæйы стажер.
2005–2013 — Республикæ Хуссар Ирыстоны Æфсæддон прокурорæйы фæдысгарæг.
2013–2013 — бынæтты кусджыты æнæуаг фыдмиты фæдыл фæдæвзæрыны бæрæг кæныны Генералон прокуратурæй хайады хистæр фæдысгарæг.
2014–2014 — Республикæ Хуссар Ирыстоны Æфсæддон прокурорæйы фæдысгарæг.
2019–2022 — фыдракæндты тагъд, рæстæгыл агурын, æфхæрд бæрæг кæнын æмæ тугтæрхон æфхæрд æххæст кæныны Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы хайады прокурор.
2019 – нырыккон афонмæ – фыдракæндты тагъд, рæстæгыл агурын, æфхæрд бæрæг кæнын æмæ тугтæрхон æфхæрд æххæст кæныны Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы хайады сæргълæууæг.
Юстицийы уынаффæгæнæг.
Йæ службæйон хæстæ цæвиттойнагæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд паддзахадон æмæ ведомствойон хорзæхтæй.
Хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фыдыбæсты хъахъхъæнæджы майданæй 2008 азы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады хъуыддаджы активон хайад кæй райста, республикæйы закъондзинад æмæ барвæтк фидар кæнынмæ стыр бавæрæн кæй бахаста, уый тыххæй (2009 азы 12 январы фыстæрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты ( Барамынд «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæныны тыххæй»).