Уалыты Виссарен Отары фырт
В 2005 азы каст фæци Тыбылты Алыксандры номыл Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет, райста дзы барзонынады дæснынад.
2004–2004 — Генералон прокуратурæйы фæдагурæн хайады стажер, Генералон прокуратурæйы фæдагурæн хайады фæдысгарæг.
2004–2006 — Генералон прокуратурæйы фæдагурæн хайады прокурор-криминалист.
2006–2007 — Генералон прокуратурæйы Фæдагурæн хайады хистæр фæдысгарæг.
2007–2008 —Генералон прокуратурæйы фæдагурæн хайады ахсджиаг хъуыддæгты фæдыл хистæр фæдысгарæг.
2008–2012 — бынæтты кусджыты æнæуаг фыдмиты фæдыл фæдæвзæрыны бæрæг кæныны Генералон прокуратурæй хайады сæргълæууæг.
Фыццаг классы юрист.
Йæ службæйон хæстæ цæвиттойнагæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд паддзахадон æмæ ведомствойон хорзæхтæй.
Хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фыдыбæсты хъахъхъæнæджы майданæй 2008 азы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады хъуыддаджы активон хайад кæй райста, республикæйы закъондзинад æмæ барвæтк фидар кæнынмæ стыр бавæрæн кæй бахаста, уый тыххæй (2009 азы 12 январы фыстæрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты ( Барамынд «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæныны тыххæй»), афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы Фæдагурæн комитеты «Хуссар Ирыстоны агрессийы ныхмæ тохы хайад исыны» фæдыл уæлдай сгуыхтдзинады нысанæй закъон æмæ ардбахæрдыл æнувыддзинады тыххæй, Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы цур Фæдагурæн комитеты кусджытæн æххуыс кæныны æмæ 2008 азы августы агрессийы ныхмæ æрлæууыны тыххæй хæслæвæрдтæ æххæст кæныны хъуыддагæн ахъаз кæныны тыххæй (2009 азы 1 июлы фыстæрцæуæг Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы цур Фæдагурæн комитеты бардзырд).