Трапанадзе Иваны фырт Константине
Хуссар Ирыстоны автономон бæстуаты прокуроры хӕдивӕг
22.12.1944 — 20.06.1947
Райгуырд 1912-æм азы апрелы мæйы горæт Махарадзейы сахары (ныры Озургети), Гуырдзыстон.
Прокуроры хӕдивӕджы бынатмӕ бацӕуыны агъоммӕ Константине Иваны фырт куыста Сталиниры (ныры Цхинвалы) газет "Сабчота Осети" - йы бӕрнон редакторӕй ("Советон Ирыстон"). Уыцы бынаты уый йӕхи равдыста куыд принципиалон ӕмӕ бӕрнон разамонӕг, йӕ бон кæмæн уыд хӕсты рӕстӕджы вазыгджын уавӕрты коллективы куыст саразын. Редакторы архайд ын фадат радта регионы социалон ӕмӕ барадон проблемӕтӕ арф раиртасынӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ прокуроры службӕйы бабӕззыд.
Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты уӕззау азты немыцаг фашисттӕ Кавказы нефты хъӕздыгдзинӕдтӕм куы бырстой, уӕд Константине Иваны фырт йӕхи равдыста ӕцӕг патриотӕй. Кавказы хъӕбатыр хъахъхъӕнынады кӕй архайдта, уый тыххæй ССР Цæдисы Сӕйраг Советы Президиумы 1944 азы 4 майы Указмӕ гӕсгӕ хорзӕхджын ӕрцыд майдан "Кавказ бахъахъхъӕныны тыххӕй".
Йӕ бавӕрӕн иумӕйаг уӕлахизмӕ нысангонд ӕрцыд майдан "Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты 1941-1945 азты ӕхсарджын фӕллойы тыххӕй" дӕр, ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыд ССР цӕдисы Сӕйраг Советы Президиумы 1945 азы 6 июны Указмӕ гӕсгӕ. Уыцы хӕрзиуджытӕ дзурӕг сты, Константине Иваны фыртæн хӕстон зын азты цы удуӕлдай ӕмӕ ӕнувыддзинад равдыста йӕ Райгуырӕн бӕстӕйыл, ууыл.
Куыста Хуссар Ирыстоны автономон облӕсты прокуратурӕйы оргӕнты ссӕдзӕм æнусы цыппорӕм азты.
1944 азы 22 декабры Трапанадзе Константине Иваны фырты нысангонд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны автономон облӕсты прокуроры хӕдивӕджы бынатмӕ. Уыцы нысангонд ӕрцыд, бӕстӕ ма фашистон Германимӕ уӕззау хӕст куы кодта, уыцы рӕстӕджы, ӕмӕ прокуратурӕйы оргӕнты раз лӕууыдысты зындӕр хӕстӕ фӕсчъылдымы регионты закъонад ӕмӕ фӕтк фидар кӕныны тыххӕй.Прокуратурӕйы оргӕнты йӕ архайд ӕрцыд, хӕсты фӕуды фӕстӕ адӕмон хӕдзарад йӕ къӕхтыл слӕууын кӕныны вазыгджын рӕстӕгмӕ, бирӕ барадон ӕмӕ социалон проблемӕтӕ лыг кӕнын куы хъуыд, уыцы рӕстӕгмӕ.
1947 азы 20 июны Трапанадзе Константине Иваны фырт йӕ куыст фӕци Хуссар Ирыстоны автономон облӕсты прокуроры хӕдивӕджы бынаты. Уыцы бынатӕй йӕ ацыды аххосӕгтӕ ӕмӕ йӕ дарддӕры хъысмӕт ӕвдыст не ' рцыдысты, цы ӕрмӕджытӕ йӕм ис, уыдоны, фӕлӕ Трапанадзе Константине Иванф фырт ӕмӕ йӕ бавӕрӕны тыххӕй Хуссар Ирыстоны автономон облӕсты прокуратурӕйы райрӕзтмӕ архивон документты баззад, прокуратурӕйы кусджыты ног фӕлтӕртӕн хӕсыл ӕнувыд уӕвыны дӕнцӕгӕн.