Куыд ис хъастæн фæстæмæ райсæн?
11.06.2008 азы райстæрцæуæг «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй куырдиæттæ исыны фæткы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 5 уацмæ гæсгæ æмбæстагæн бар ис, уыцы нымæцы, бахата куырдиатимæ йæ куырдиат равзарын æруромыны тыххæй.
Куырдиаты хъуамæ нысангонд уа, уыцы куырдиат сæрæй кæцы прокуратурæмæ æрвыст æрцыд, уый, чи йæ фыссы, уый ном æмæ фыды ном, дзуапп кæдæм хъуамæ райса, уыцы посты адрес, цы домут, уый, къухфыст æмæ йæ ныффыссыны бон.
Куырдиат равзарынмæ сæрæй кæмæ уа, уымæй банысангонд куырдиат райсыны фæстæ уыдзæн дарддæры басгæрст æруромыны бар, кæд райсгæ æрмæджыты нæ уа, прокуроры архайды фæрцы райсгæ мадзæлттæ чи домы, закъон фехалыны тыххæй ахæм зонæнтæ, уæд. Райсгæ уынаффæйы тыххæй хъусынчындæуы куырдиат бадæттæгæн, фæлæ уый æмрæстæджы сæрæй бадæтгæ куырдиат фæстæмæ лæвæрд нæ цæуы.