Куыд ис бахауæн прокуратурæйы къухдариуæгады химæисæнмæ?
Генералон прокурор æмæ йæ хæдивджыты химæисæнмæ æмбæстæгтæн бахауæн ис развæлгъау фыст графикмæ гæсгæ. Химæисæнмæ хи ныффыссын кæныны тыххæй хъуамæ адæймаг бацæуа йæхæдæг æмæ (кæнæ) бадæтта фыст куырдиат. Телефоны фæдзургæйæ нæй ныффыссæн химæисæнмæ.
Районты прокурортæ æмæ се ххуысгæнджытæ сæхимæ æмбæстæгты исынц æрвылбон дæр.
Прокуратурæйы органты къухдариуæггæнджытæм æмбæстæгты химæрайсты графиктæ конд сты прокуратурæты агъуыстыты къултыл, алчи дæр сæ куыд уына, афтæ, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы официалон сайтыл дæр.