Куыд ис базонæн, цахæм стадийыл ис прокуратурæйы органтæм бадæтгæ куырдиатмæ æркаст?
11.06.2008 ист æрцæуæг «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты куырдиæттæ æвзарыны фæткы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 5 уацмæ гæсгæ куырдиæттæ æвзарыны рæстæджы æмбæстæгтæн бар ис, цæмæй райсой фыст дзуапп, куырдиаты нысан æрцæуæг фарстаты фæдыл, ацы Закъоны 11 уацы нысанцæуæг цауты йедтæмæ, райса хъусынгæнинаг уый тыххæй, куырдиат æрвыст кæй æрцыд - паддзахадон орган, падзахадон хицауиуæгады бынæттон орган кæнæ куырдиаты банысангонд фарстатæ кæй компетенцимæ хауынц, уыцы бынаты кусæгмæ.
Æмбæстæгты кæнæ организациты минæвæртты фæдзургæйæ (телефоны) домæнты фæдыл хъуыддагкæнынадон службæты кусджытæ гæнæн ис фехъусын кæной æндæр информаци Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор 30.12.2013 азы йæ бардзырдæй кæй сфидар кодта, уыцы Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы органты хъуыддагкæнынады Инструкцимæ гæсгæ.