Алы хатт дæр уæ къух æрфыссут сидтыл æмæ раст æвдисут фарсты мидис
- Кæд уæ сидтыл къухфыст нæ уа æмæ (кæнæ) йыл нысангонд нæ уой уæ персоналон зонæнтæ (МНФн, адрес), уæд нымад æрцæудзæн анонимоныл æмæ баззайдзæн æнæравзаргæйæ.
Æрмæстдæр ахæм рæстæджы, кæд æмæ сымах фæнды цæттæцæуæг кæнæ æруадзгæ уголовон бархалынады тыххæй, кæнæ та паддзахадон æви æхсæнадон æдасдзинады сæраппонд. - Алы хатт дæр бæлвырд кæнут уæ фарсты мидис ( цы хуызы цæуынц хæлд уæ бартæ, чи сæ фехæлдта æмæ кæд, конкретонæй цы домут). Бацархайут уыдæттæ хæрз цыбыртæй æмæ нысанмæздæхтæй равдисыныл.
Уæ сидт уын чи æвзара, уымæн йæ бон æнцондæр уыдзæн йæ мидис бамбарын, уый та нысан кæны, уæ проблемæ уын равзарынæн тагъддæр баххуыс кæнын.
Уæ зæрдыл бадарут, фарсты мидис бæлвырд кæм нæ уа, ахæм сидтытæ, гæнæн ис баззайой æнæравзаргæйæ.