Зонут æй, уæ куырдиат уын чи æвзары, уый хæсджын кæй у ...
- Иса закъонон æмæ бындур кæмæн уа, ахæм уынаффæтæ.
- Ифтонг кæна, райсгæ уынаффæтæ куыд æххæст цæуынц, ууыл контроль.
- Уæ сидт уын ма арвита, йæ архайды (æнæархайды) тыххæй кæуыл бахъаст кодтат, ахæммæ.
- Фехъусын уын кæна райсгæ уынаффæты тыххæй.
- Райса æмæ равзара «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты куырдиæттæм æркæсыны фæткы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ гæсгæ фæтк æмæ æмгъуыдты..
- Ма рахъæр кæна зонæнтæ уæ хисæрмагонд царды тыххæй æнæ уæхи сразыдзинадæй, афтæ ма æндæр зонæнтæ дæр, кæцыты ис, закъон кæй хъахъхъæны, ахæм зонæнтæ, сидтмæ чи нæ хауы, уæ гоймагдзинады тыххæй ахæм зонæнтæ раргом кæнын ма бауадзын.