Цхуырбаты Чермены чызг Иринæ
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры хæдивæг
Райгуырд 1964 азы Цхинвалы. 1995 азы каст фæциc Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны Паддзахадон унивæрситет «Барадзонад»-ы дæсныйадыл.
1998–1998 — Цхинвалы сахарон прокуроры ӕххуысгæнæг.
1998–1999 — Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæйы арбитражон æмæ æмбæстагон хъуыддæгты фæдыл тæрхондонон уынаффæты æххæсткæнынад, закъæттæ æмæ закъондæттынад æххæст кæныны фæдыл хайады хистæр прокурор.
1999–2007 — Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæйы арбитражон æмæ æмбæстагон хъуыддæгты фæдыл тæрхондонон уынаффæты æххæсткæнынад, закъæттæ æмæ закъондæттынад æххæст кæныны фæдыл хайады сæргълæууæг.
2007 – нырыккон афонмæ — Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры хæдивæг.
Закъондзинад æмæ барвæтк фидар кæныны тыххæй цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд паддзахадон æмæ ведомствæйон хорзæхтæй.
Юстицийы хистæр уынæффæгæнæг.