1995 азы рухæны мæйы 5 боны арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæйы фæдсгарæн хайад
05.09.2025 10:28

1995 азы рухæны мæйы 5 боны арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæйы фæдсгарæн хайад. Хайады сæргъ слæууыд кадджын прокуророн кусæг æмæ фæдсгарæн куысты фæлтæрдджын организатор
Хайад йæхимæ райста иууыл зындæр хæстæ – фыдракæндтæ иртасын, æмбæстæгты бартæ хъахъхъæнын, æппæты зындæр рæстæджыты паддзахады интерестæ хъахъхъæнын.
2007 азæй фæстæмæ хайад ивд ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕдсгарӕн управленимӕ. Генералон прокуратурӕйы Фӕдсгарӕн управленийы сӕрмагонд ахсджиаг хъуыддӕгтӕ иртасыны хайады сконды æмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы Фæдсгарæн управленийы коррупцион къабазы хъуыддӕгтӕ иртасыны хайады сконды.
Абон, уыцы бон бӕрӕг кӕнгӕйӕ, мах дзурӕм арфӕйы ныхӕстӕ, йæ ратæдзæнты чи лӕууыд ӕмӕ дарддӕр дӕр Закъонӕн бæрзонд æмвæзадыл чи лӕггад кӕны кадимӕ, уыдонӕн.