2015 азы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Парламент, Фыдыбӕстӕйы Стыр Хӕсты Уӕлахизы 70 азы кадӕн райста амнистийы акт.
Ацы амнистийы акт æххæстгонд ӕрцыд 22 азы ахӕстоны фӕбадынмæ тӕрхонгонд æмбæстаджы ныхмӕ дӕр, кæцы гуырдзыстоны сӕрмагонд службӕты хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, 2006 азӕй 2008 азмӕ, къорд удгоймаджы сконды сӕххӕст кодта Хуссар Ирыстоны зӕххыл цалдӕр террористон акты ӕмӕ заказгонд лæгмардтæ.
Фыдракӕндты нысан уыд паддзахадон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджыты, политикон партиты активон функционерты, ӕхсӕнадон змӕлдты физикон ӕгъдауӕй аиуварс кӕнын ӕмӕ паддзахады уавӕр сдестабилизаци кӕнын, республикӕ тыхӕй байсыны ӕмӕ йӕ конституцион цардарӕзты бындуртӕ аивыны нысанимӕ гуырдзыстонимӕ гӕрзифтонг быцӕу ракъахын. Ацы адӕймаджы фыдракӕнды архайды амӕттаг баисты Хуссар Ирыстоны ӕнахъом цӕрджытӕ дӕр.
Амнистийы актӕй пайда кӕнгӕйӕ, тӕрхонгонд кӕмӕн ӕрцыд, уыцы ӕфхӕрд 22 азы ахӕстоны фӕбадыны хуызы фӕкъаддӕр кодтой 4 азы 11 мӕйы ӕмӕ 28 боны.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры 2025 азы фыццӕгӕм боны рухæны мæйы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, ацы ӕмбӕстаджы ныхмӕ амнистийӕ спайда кӕныны тыххӕй раздӕры уынаффӕ банымадт ӕрцыд ӕнӕзакъоныл ӕмӕ ивд ӕрцыд.
Тӕрхонгонд кӕмӕн ӕрцыд, уый ӕрвыст ӕрцыд республикӕйы юстицийы Министрады рӕстмӕгӕнӕн колонимӕ, цӕмӕй йӕ дарддæры æфхæрдæн тӕрхондон снысан кӕна.