Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг куыд загъта, афтæмæй бæстæйы къухдариуæгады бахæсмæ гæсгæ, аивгъуыйгæ азы кæрон æмæ азы райдианы медицинон уагдæтты уагъд цыд басгæрстытæ, медицинон препараттæй куыд ифтонг сты, уый фæдыл. Цæрджыты ‘рдыгæй хъæстытæ цыдис, ома, фаг нæ кæны бирæ хосгæнæн препараттæ, фæлæ прокуратурæйы басгæрстыты фæстиуæгæн ахæм цухдзинад нæ рабæрæг. Стæй ма уый дæр, æмæ пациентты нал æрвитынц хостæ æмæ æндæр медицинон æрмæджытæ амал кæнынмæ сæ хисæрмагонд афтиæгтæм. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ Генералон прокуратурæ ацы азы фыццаг æмбисы бафæдзæхста уыцы медицинон кусæджы, кæцытæ сæ пациентты медицинон препараттæ амал кæнынмæ æрвыстой сæхи сæрмагонд афтиæгтæм. Афтæ, 16 медицинон кусæгæн хаст æрцыд прокуророн бафæдзæхстытæ.
Дзæгъиаты Уырызмæг куыд загъта, афтæмæй медицинон уагдæтты хосгæнæн препараттæй ифтонг кæныны фарст ис æдзухон хъусдарды бын. Уыимæ иумæ ма прокуратурæ йæ хъус дары, медицинон организацитæ хосгæнæн препараттæ куыд амал кæнынц, уыцы хъуыддагмæ. Куыд ма банысан кодта, уымæ гæсгæ 2019-2020 азты Генералон прокуратурæйы Фæдагурæн управлени архайдта резонансон уголовон хъуыддæгтыл, кæцытæ æргом æмæ æрвыст æрцыдысты тæрхондонмæ.
Генералон прокуратурæйы фæдагурæн управленийы фæдагурджытæ 2020 азы фыццаг æмбисы паддзахадон бюджетмæ æфтиæгтæ бахастой 5 милуан æмæ 200 мин сомы. Уыцы æфтиæгтæ сты экономикон æмæ уголовон фыдракæндты фæдыл уголовон хъуыддæгты фæлгæтты куысты æфтиæгтæ.
Уымæй дарддæр 2 милуан æмæ 700 мин сомы аргъ исадыл æвæрд æрцыд ахæст. Фæдагурджытæ ма Уæрæсейы Федерацийы компетентон органтæм арвыстой куырдиæттæ, исад сфидар кæныны фæдыл æмæ сыл цæмæй дарддæр ахæст æвæрд æрцæуа. Иумиагæй сисгæйæ, хыгъдон рæстæджы райдианæй фæстæмæ прокуратурæйы фæдагурæн управленийы фæд-сгарджытæ бакодтой 15 уголовон хъуыддаджы, æндæр органтæй æркæсынмæ та райстой иу уголовон хъуыддаг.
Коллегийы куысты ма сæ бакæнгæ куысты фæдыл хыгъд сарæзтой горæт æмæ районты прокурортæ.
Коллегийы официалон хайы фæстæ прокуратурæйы къухдариуæгад сæ æвæллайгæ куыст æмæ архайды цытæн ведомствойон хорзæхтæй схорзæхджын кодта къорд кусæджы.