Абон Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы æруагътой паддзахадон æмæ уагдонады тырысатæ Зары трагедийы амæттæгты мысæнæн.
32 азы рацыд гуырдзиаг тугмондагтæ Зары куы бабын кодтой ирон лидзӕг бӕлццонты.
Ацы бон 1992 азы Зары фӕндагыл гуырдзиаг экстремисттӕ бабадтысты сабыр цӕрджытимӕ машинӕты Хуссар Ирыстонӕй лигъдӕтты колоннӕйы раз ӕмӕ сӕ ныццагътой. Знаджы амӕттаг баисты 33 адӕймаджы – сылгоймӕгтӕ, ацӕргӕ адӕм, сывӕллӕттӕ. Сӕ иууыл кӕстӕрыл цыд 11 азы, хистӕрыл та – 76. 14 адӕймаджы та райстой цӕфтӕ.
Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы кусджытæ райстой хайад мысӕн мадзæлтты, фыдохы митингы.