Абон, дыууын фыццæгæм ноябры 2019 азы, Президенты Администарацийы æрцыд прокуратурæйы кусджыты хорзæхджынкæныны церимони.
Уагдонады кусджытæ хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хорзæхтæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады 29 азы сæххæсты цытæн, афтæ ма сæ хъайтардзинады æмæ инициативæйы руаджы, кæцытæ уыдон равдыстой специалон оперативон-хæстон мадзалы Уистайы хъæуы Знауыры районы.
Майданæй «Фыдыбæстæйы Хъахъæнæг» хорзæхджын æрцыдысты Республикæ Генералон прокуратурæйы хайадты сæргьлæууæгтæ Къоста Джиоты, Василий Поляков, Цхинвалы районы прокуроры æххуысгæнæг Алан Уалыты, хистæр фæдагурджытæ Сослан Уалыты, Ален Хъоцыты, фæдагурджытæ Кадзах Нарыкъаты, Дмитр Сиукъаты, Дэвид Цотниашвили, Алан Бестауты. Майданæй «Хуссар Ирыстоны сабырдзинады хъахъæнджыты службайы» хорзæхджын æрцыд Фæдагурæг Олег Тъехты.
Паддзахадон хорзæхтæ чи райстой, уыдонæн мадзалы кæрон раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Президент Анатолий Бибылты æмæ банысан кодта, прокуратурæйы кусджытæ кæй равдыстой сæ æхсар æмæ хъæбатырдзинад. «Уæ хæстæ удуæлдай æххæстгæнут æмæ уæ патриотон ахаст уæ паддзахадмæ ифтонг кæны барадон фæтк æмæ хъахъхъæд æддагон æмæ мидæгон тæссагдзинадæй», - загъта Президент.