Санахъоты Къыбылы фырт Матейы бӕстон биографиимӕ базонгӕ уӕвӕн ис Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы сайтыл бацамындӕй:
https://rsogenproc.su/genocide/returned-names/person/vozvrashennye-imena2/sanakoev-matvej-mate-kibilovich/
Афтæ ма Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ хъусын кӕны, кæй райдыдта цæттæ кæнын документалон киноныв ӕмӕ æндæр номарæн зӕрдылдарӕн проекттæ Санахъоты Матейы цытæн. Сидæм Санахъоты Къыбылы фырт Матейы тыххӕй цыфӕнды зонӕнтӕ, документтӕ, къамтӕ кӕнӕ мысинӕгтӕ кӕмӕ ис, уыдонмӕ се' ппӕтмӕ дӕр. Курӕм, цӕмӕй баххуыс кӕнат информаци ӕмбырд кӕнынӕн ӕмӕ, цы ӕрмӕджытӕ ис, уыдон Генералон прокутатурæмӕ æрбадæттат.