2024 азы 28 февралы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы ауагъдӕуыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы аттестацион къамисы ацы азы фыццаг рабадт, кӕцы ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры хӕдивӕгы, юстицийы хистӕр уынаффӕгӕнӕгы Цхуырбаты Иринӕйы сӕрдариуӕгадӕй.
Фыццагон аттестаци æнтыстджынæй рацыдис Цхинвалы прокуроры ӕххуысгӕнӕг йӕ бӕрнады аккаг уӕвыны сӕраппонд.
Аттестацион къамис ратта кусӕгӕн куыст фӕхуыздӕр кӕныны фӕдыл йӕ амонинӕгтӕ.