Абон Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг Фридоны фырт ауагъта Генералон прокуратурӕйы хыгъдон коллеги, кӕцыйы уагдоны сӕргълӕууӕг сарӕзта фӕстиуджытӕ ивгъуыд азы куыстӕн.
Коллегийы æмбырды хайад райстой республикæйы Президент Бибылты Анатолий, Хицацады сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бекъойты Геннадий, Ӕдасдзинады советы секретарь Уалыты Валерий ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ. Афтæ ма мадзалы истой хайад республикæйы Æфсæддон прокурор, горæт æмæ районты прокурортæ, прокуратурæйы уæнгты кусджытæ.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг Фридоны фырт раныхас кодта 2020 азы хатдзæгты æмæ бакӕнгӕ куысты фӕдыл æмæ прокуратурæйы уæнгты архайдыл. Уый æрдзырдта 2020 азы фыдракæндты динамикæйыл, абарста йæ 2019 азы æнгæс фыдракæндтимæ æмæ банысан кодта, фыдракӕндты нымӕц 2020 азы кӕй кодта къаддӕр.
2020 азы нæ Республикæйы хынцыд æрцыд 135 фыдракæнды. Фыдракæндтæ 2019 азимæ абаргæйæ фæкъаддæр сты 26 бæрц фыдракæнды (16 %). Сæ раргом кæныны хъуыддаг 2019 азимæ абаргæйæ фæкъаддæр ис 5,7 проценты, æмæ ныртæккæ фыдракæндтæ раргом кæныны бæрц у 80 проценты. Ахæм фыдракæндтæ, куыд давд, адæймаджы амарын, æнæзакъонæй наркотикон буарадтæй пайда кæнын, тыхракæндтæ æмæ æндæртæ, кæнынц къаддæр. Хъыгагæн, кæнынц фылдæр ахæм фыдракæндтæ, куыд фæлывдмитæ, хæсадон барты сæр ахизыны фыдракæндтæ, хицауады минæварты æфхæрдтæ ӕмӕ ӕндӕртæ.
Хыгъдон периоды Хусар Ирыстоны прокуротæ ауагътой 300 прокуророн цæстдарæн басгæрстæй фылдæр, уыдонæй æрмæстдæр куысты пъланмæ гаесгæ 291. Прокурортæ бахастой 36 прокуророн бæлвырдгæнæн доку менты (2019 азы - 233), 114 прокуророн бавдысты, 22 прокуророн административон уынаффæйы, 30 прокуророн развæдзæхсты.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолий саргъ кодта Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурӕйы куыстӕн. Уый банысан кодта, райгонд кӕй у Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы куыстӕй æмæ равдыста ныфс, прокуратурӕйы кусджыты фӕстиуӕгджын куысты ӕвӕзад кӕй кӕндзӕн бӕрзонддӕр. Афтӕ ма бӕстӕйы сӕргълӕууӕг кадджын уавæры схорзӕхджын кодта сгуыхт юристы номӕй Генералон прокуроры хӕдивӕг Багаты Магомеды.