2024 азы 7 майы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры хӕдивӕг, юстицийы хистӕр уынаффӕгӕнӕг Цхуырбаты Иринӕйы сӕрдариуӕгадӕй ауагъдӕуыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы аттестацион къамисы радон рабадт.
Аттестаци æнтыстджынæй рацыдысты Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы дыууæ кусӕджы сӕ бӕрнады аккаг уӕвыны сӕраппонд: закæттæ æмæ рæстдзинады æххæст кæныны цæстдарды Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы хайады прокурор æмæ Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы ахсджиаг хъуыддæгты бæрæггæнæн фæдæвзарæн хайады фæдысгарæг.
Уыдон дыууæ дæр æнтыстджынæй рацыдысты сæ аттестаци. Цытджын уавӕры ардбахӕрд ӕрхаста закæттæ æмæ рæстдзинады æххæст кæныны цæстдарды Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы хайады прокурор.
Аттестацийы, прокруатурӕйы кусджытӕн сӕ куыстӕн, сӕ дӕсныйадон ӕмӕ гоймагон миниуджытӕн аргъ скӕныны фӕстӕ, аттестацион къамис ратта бӕрнон кусджыты куыст фӕхуыздӕр кӕныны фӕдыл йӕ амонинӕгтӕ.