Ӕрцӕуинаг ног азимӕ баст бӕрӕгбонты сӕраппонд Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕппӕт территорийыл фӕтыхджындӕр чындӕуыд хӕлӕн техникӕ ӕнӕзакъонӕй уӕй кӕныны цаутӕ раргом кӕнын ӕмӕ уыдон сӕ парахат кӕнджытӕй байсыны охыл хъусдард. Уыдон тӕссагдзинад хӕссынц нӕ Республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн.
Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ уадзынц ӕхсӕнбӕрнон рейдтӕ ӕмӕ активон разфӕдзӕхстон куыст ӕнахъомтимӕ, фӕлхаскӕнынады фадыджы ӕндӕр минӕвӕрттимӕ. Ӕххӕст ма кӕнынц ӕндӕр мадзӕлттӕ барвӕтк ӕмӕ ӕхсӕнадон ӕдасдзинад сифтонг кӕнын сӕраппонд. Ногазон ӕмӕ Цыппурсы бӕрӕгбонты рӕстӕджы барадхъахъхъӕнӕг органтӕ рахиздзысты фӕтыхджынгонд куыстмӕ. Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ хъусын кӕны, республикӕйы территорийыл кӕй кусы «Республикӕ Хуссар Ирыстоны Амалиуӕгон архайд ӕмӕ кондадон уагдӕтты тыххӕй» закон, цыран дзырдӕуы, зӕгъгӕ хӕлӕн техникӕ уӕй кӕныны бар нӕй физикон цӕсгӕмттӕ ӕмӕ амалиуӕггӕнджытӕн, науӕд та ӕфхӕрд цӕуынц административон ивары хуызы.
Афтӕ ма админисративон иварӕй ӕфхӕрд ӕмбӕлы зынгсирвӕзтӕй адасдзинады домӕнтӕ халыны тыххӕй, ӕнӕ паддзахадон бахыгъд кӕнӕ сӕрмагонд бар ӕнӕ райсгӕйӕ амалиуӕгон архайд, сӕрибарӕй уӕй кӕнын бар кӕмӕн нӕй, кӕнӕ сӕ уӕй кӕныны барӕн арӕнтӕ ӕвӕрд кӕмӕн ис, ахӕм товартӕ (ӕндӕр уӕййӕгтӕ) ӕнӕзаконӕй уӕй кӕныны тыххӕй.
Ӕдасдзинады сӕраппонд, фӕдзӕхсӕм ӕнахъомты ныййарджытӕ кӕнӕ сӕ законон минӕвӕртты, хӕлӕн техникӕйӕн йе ‘мбис дзуапп кӕй нӕ дӕтты ӕдасдзинады домӕнтӕн ӕмӕ тӕссаг кӕй у се ‘нӕниздзинад ӕмӕ цардӕн дӕр. Курӕг стӕм, цӕмӕй нӕ республикӕйы ӕнахъом ӕмбӕстӕгтӕ ас адӕмы ӕнӕ бафӕрсгӕйӕ ма пайда кӕной хӕлӕн техникӕйӕ, цӕмӕй ма разиан кӕной сӕхицӕн. Ӕдасдзинады фӕтк хэъахъхъӕныны тыххӕй ахсджиаг у хӕлӕн техникӕимӕ йӕ пайда кӕныны фӕткмӕ гӕсгӕ архайын.
Ногазон бӕрӕгбонты зынгӕхсӕн хӕцӕнгӕрзтӕй ӕхсыны тыххӕй ӕрвылаз цӕрджытӕй цы бирӕнымӕц хъӕстытӕ райсӕм, уыдон фӕдыл барад хъахъхъӕнджыты уӕлдай хъусдард здӕхт уыдзӕн зынгӕхсӕн хӕцӕнгӕрзтӕй ӕхсыны цаутӕ сбӕлвырд кӕнынмӕ. Генералон прокуратурӕ фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, уыдонӕй ӕнӕмбӕлон рӕтты чи ӕхсы, уыдон ахӕсдзысты административон бӕрндзинад. Ӕхсты фӕстиуджытӕ зиан ӕрхӕсгӕйӕ та уыдонӕн аргъ ӕрцӕудзӕн Уголовон кодексмӕ гӕсгӕ.
Зӕрдиагӕй курӕг стӕм, цӕмӕй хӕлд ма цӕуа закон ӕмӕ ӕхсӕнадон фӕтк, аргъ кӕнӕм не ‘мбӕстӕйонтӕн!