Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы закон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ барадон актты закондзинадмӕ хъусдарӕг хайады прокурор Елбачиты Мадинӕ Цхинвалы Мидхъуыддӕгты управленийы ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл хайады кусджытимӕ иумӕ 2022 азы сентябрӕй ноябрмӕ ауагътой разфӕдзӕхсӕн ӕмбырдтӕ Цхинвалы иумӕйаг ахуырадон скъолатӕ, Астӕуккаг сӕрмагонд ахуырады уагдӕттӕ «Бирӕ профилон колледж» ӕмӕ Медицинон ахуыргӕнӕндоны ахуырдзаутимӕ.
Астӕуккаг ӕмӕ хистӕр кълӕсты ахуырдзаутӕн бацамындӕуыд уголовон ӕмӕ административон кодексы барӕнтӕ, уыцы нымӕцы уагхалӕн, давын, лыстӕг ис хи бакӕнын, карз нозт кӕнын, хӕдтулгӕ фӕрӕзтӕы ӕнӕбартӕй хи бакӕнын ӕнӕ адавыны нысанӕй, электрон тамакотӕ дымын, скъолайы фӕтк халын, ӕвзӕр дзыхӕй дзурын ӕмӕ ма ӕнахъомтӕ бӕрндзинад цӕмӕ гӕсгӕ хӕссынц, иукъорд ахӕм ӕндӕр статьяйы.
Фӕсивӕдӕн бамбарын кодтой, хицӕн барад хӕлӕнты тыххӕй администативон ӕмӕ уголовон бӕрндзинад цы кары ис ахӕссӕн, цавӕр ӕмбӕстагон-барадон, административон ӕмӕ уголовон бӕрндзинад хӕссынц ныййарджытӕ сӕ ӕнахъом сывӕллоны архайдтыты ӕмӕ йӕ ракӕнгӕ зианы тыххӕй, уый.
Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ прокруатурӕимӕ иумӕ ауагътой рейдон мадзӕлттӕ ӕнахъомтӕ къордтӕ кӕм кӕнынц, уыцы бынӕтты, сӕрмагондӕй та паркты, скверты, видео хъазтыты агъуыстыты ӕмӕ а.д., цӕмӕй ӕнахъомты бахизой скъолайӕ цухтӕ кӕнын ӕмӕ ӕндӕр барадхалӕнтӕй боны ӕмӕ ӕхсӕвыгӕтты. Рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы бафиппайдӕуыди, скъолаты ахуырдзаутӕ скъолайӕн ӕтте кӕй сты ахуыры рӕстӕджы. Ахуырдзауты фӕдзӕхстой, цӕмӕй скъолайы фӕтк дарддӕр мауал халой.