Аргъуаны фӕзы Сыгъдӕг Мадымайрӕмы кувӕндоны раз уыд саударӕн акци Беслӕны трагедийы амӕттӕгты номыл.
Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы къухдариуæгад ӕмӕ сӕрмагонд сконд хайад райстой акцийы, дидинджытӕ сӕвӕрдтой цыртдзæвæнмæ.
Ӕнаххосӕй кӕй амардтой, уыдоны ном ссарынмӕ ӕрбацыдысты Хуссар Ирыстоны сӕдӕгай æмбæстæгтæ, цыртдзӕвӕнмӕ хастой хъазӕнтӕ ӕмӕ дæттæ, уыцы ӕвирхъау бонты 1-ӕм скъолайы амæттæгтæн афтӕ тынг чи нӕ фаг кодта, ахӕмтӕ.