2025 азы 22 июлы Санкт-Петербурджы йӕ царды ӕстайӕм азы къӕсӕрыл йӕ цардӕй ахицӕн барадхъахъхъӕнӕг системӕйы сгуыхт кусӕг, Республикӕ Хуссар Ирыстоны раздӕры Прокурор Джиоты Барисы фырт Валери. Джиоты Барисы фырт Валерий райгуырд 1946 азы Хуссар Ирыстоны автономон облӕсты Знауыры районы Иончайы хъӕуы. Советон ӕфсады рӕнхъыты службӕйы фӕстӕ 1976 азы иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ каст фӕци цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет.
Валерий Борисович йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр снывонд кодта закъон ӕмӕ барадон ӕгъдауӕн лӕггад кӕнынӕн. 40 азӕй фылдӕр службӕ кодта Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы прокуратурӕйы оргӕнты, куыста тӕрхонгӕнӕгӕй, стӕй йӕ снысан кодтой Дзӕуджыхъӕуы Советон районы тӕрхондоны Сӕрдарӕй, уый фӕстӕ та – Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕйраг тӕрхондоны тӕрхонгӕнӕгӕй. Хуссар Ирыстонӕн вазыгджын рӕстӕджы, 1995-1996 азты Джиоты Валерий лӕууыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Прокуратурӕйы сӕргъы. Йӕ разамынды рӕстӕг республикӕйы Сӕйраг Совет сфидар кодта закъон «Республикӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы тыххӕй», кӕцы сбӕрӕг кодта прокуратурӕйы оргӕнты статус, арӕзт ӕрцыдысты Ӕфсӕддон прокуратурӕ ӕмӕ республикӕйы Прокуратурӕйы фӕдсгарӕн хайад.
Джиоты Валерий зынгӕ бавӕрӕн бахаста Республикӕ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг системӕ сырӕзынмӕ. Йӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ уыдысты бӕрзонд профессионализм, рӕстдзинад ӕмӕ принципиалондзинад. Зыдта дыууӕ миниуӕджы сиу кӕнын: лӕууыд Закъоны сӕрыл ӕмӕ баззад адӕймагӕй. Йӕ ныхӕстӕ «Иу уынаффӕйы тыххӕй дӕр нӕ фӕсмон кӕнын» зындгонд сты хӕстӕгмӕ йӕ чи зыдта, уыдонӕн. Зынгӕ юрист, Джиоты Валерий бирӕ хӕттыты хорзӕхджын ӕрцыд Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕмӕ уагдонадон хӕрзиуджытӕй. Фӕлӕ йе стырдӕр хорзӕх ӕмӕ исбон уыдысты, йӕ царды дӕргъы цы адӕймагдзинад ӕмӕ намыс ахаста, уыдон.