Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы курдиатмæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийæ экстрадацигонд æрцыд Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, кæцы агуырды уыд 2005 азæй фæстæмæ æмæ аххосджын кæны Уæрæсейы Федерацийы Уголовон Кодексы 105 уацы 2 хайы «е» пункт æмæ 317 уацтæм гæсгæ (амарын иумӕйаг тӕссаг мадзалӕй ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг оргӕны кусӕджы цардыл бахъавын) дарддæры уголовон æфхæрды тыххæй.
Дарддæры фæдæвзарæн æххæстгонд цæудзæнис Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы Фæдагурæн фæткдаруат.