Абон Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы хорзӕхджынгонд ӕрцыдысты прокуратурӕйы кусджытӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хӕрзиуджытӕй. Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номӕй Генералон прокурор Собайты Григори радта майдан «Хуссар Ирыстоны Адӕмы Фыдыбӕстӕйы хӕсты Уӕлахизы 15 азы кадӕн» Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы закъонтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ барадон актты закъонтӕм цӕстдарӕг хайады хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕн Марданты Василийӕн ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Знауыры районы прокуроры ӕххуысгӕнӕг юстицийы уынаффӕгӕнӕг Пухаты Эдуардӕн.
Собайты Григори раарфӕ кодта хорзӕхджынтӕн сӕ бӕрзонд профессионализмы тыххӕй ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт ахасты тыххӕй сӕ службӕйы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, ӕмӕ загъта йӕ ныфс, дарддӕр дӕр кусджытӕ сӕ службӕйы хӕс кадджынӕй кӕй ӕххӕст кӕндзысты, уымӕй. Прокуратурӕйы усджытӕ раарфӕ кодта Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президентӕн ӕмӕ Республикӕйы Генералон прокурорӕн йӕ архайдӕн стыр аргъ кӕй скодта, уый тыххӕй.