Бетъырбухы æхсæнадæмон юридикон форум - 2026 фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Собайты Григорий æмæ Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокурор Гуцан Алыксандр баныхас кодтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны æмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокуратурӕты ӕхсӕн ӕмгуыстад дарддӕр фӕуӕрӕхдӕр кӕныны тыххӕй.
Фембӕлды хатдзӕгтӕм гӕсгӕ фидаргонд ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны æмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокуратурӕты ӕхсӕн ӕхсӕнуагдонон ӕмархайды Программӕ 2027-2029 азтӕм. Гæххæтты рагзагъд цӕуы активон ӕмгуыстад цифровизаци ӕмӕ прокуратурæйы органты архайды аразгӕ интеллектӕй пайда кӕныны фарстатыл, киберфыдракӕндты ныхмӕ ӕмӕ цифрон тыгъдады ӕдасдзинады тыххӕй.
Уымӕй уӕлдай, программӕйы ис ахæм мадзæлтты, кæцыты фæлгæтты уагдæттæ кæрæдзиимæ сæ фæлтæрддзинад дих кæндзысты ахæм фадгуыты, куыд хъалонон, бюджетон ӕмӕ таможнӕйы закъонӕвӕрынады, афтæ ма цӕстдарды практикӕ уыцы здӕхтыты фӕхуыздӕр кӕнын.