Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы Фӕдысгарӕн управлени райста уынаффæ, цæмæй уголовон хъуыддаг бакӕной Дзӕгъиаты Уырызмӕгы, Хуссар Ирыстоны раздӕры Генералон прокуроры ныхмӕ.
Уый азымджын цӕуы йæ куысты бынатӕй пайдагӕнгæйæ йæхицӕн фылдӕр бартæ кӕй лӕвӕрдта, уымӕй.Ацы уголовон хъуыддагӕн арӕзт ӕрцыд хицæн рауагъд ндæр уголовон хъуыддагæй, кацы конд ӕрцыд раздæры мидхъуыддæгты министр, милицийы инæлар-майор Наниты Игоры ныхмæ, кæцыйыл бакодтой уголовон хъуыддаг апрелы Тугтæрхонон кодексы «Æххӕстбартæй ахизыны тыххæй» уацмæ гæсгæ.
Ныридӕгӕн ацы хъуыддаджы фӕдыл уагъд цӕуынц ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фæдагуырдон-оперативон мадзæлттæ.