Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы фæдысгарæн управленийы кæронмæ иртæстгонд æрцыд уголовон хъуыддаг Таможнæйон комитеты сæрдары ныхмæ тыхмийы фæдыл æмæ уголовон хъуыддаг азымӕвӕрӕг хаццӕгимӕ алӕвӕрдтой Цхинвалы горæтон тæрхондонмæ.
Уголовон хъуыддаджы аххосджын азымджын кæнынц фыдракæнд саразыны Уæрæсейы Федерацийы уголовон кодексы 318-æм статьямæ гæсгæ. Уымæн æвзæрст æрцыд уромӕн мадзал ахсты хуызы.