Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокурор Игорь Краснов раарфӕ кодта Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланӕн Республикӕ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уӕрӕсейы Федерацийы Банымайыны Боны фӕдыл.
Арфӕйы ныстуаны сӕрмагондӕй загъдӕуы:
«Арфӕ кӕнын Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хӕдбардзинадыл банымайыны Боны Фӕдыл!
Аацы бӕрӕгбон ногӕй зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны республикӕйы зын фӕндаг хӕдбардзинадмӕ ӕмӕ, уӕрӕсейаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг хӕстонтӕ уӕхски-уӕхск карз ныхкъуырд куы радтой агрессорӕн, ирӕтты геноцидӕн кӕрон скӕнгӕйӕ ӕмӕ регионы фидар сабырдзинад сӕвӕргӕйӕ, уыцы тызмӕг бонты.
Нырыккон ӕцӕгдзинӕдты уавӕрты фаг аргъ скӕнӕн нӕй дунеон ӕдасдзинады актуалон сидтытӕ ӕмӕ ӕртхъирӕнты ныхмӕ иумӕйаг ныхмӕлӕуды ахадындзинадӕн. Нӕ бӕстӕты адӕмтӕн уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ чи бавзарын кодта, уыцы нацизм сног кӕныны хъуыддаг бакъуылымпы кӕнын куыд никуы хъӕуы, афтӕ ахсджиаг хъуыддаг у.
Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕнтыстдзинӕдтӕ!»