Республикæ Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæйы арæзт æрцыдысты æмæ архайынц кусæгон къордтæ, сорганизаци кодтой æнæмæнгхъæугæ æмархайд Республикæ Хуссар Ирыстоны Контролон-нымайæн палатæимæ, республикæйы барадхъахъхъæнæг органтимæ.Афтæмæй басгæрсттæ хауынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбастагадмæ фæсарæйнаг æмбæстæгты æмæ æнæ æмбæстæгадæй гоймæгты райсынмæ 2022 азы 1 январæй 24 майы онг периоды, афтæ ма республикæйы æмбæстæгтæн сæрмагонд æмæ æфсæддон нæмттæ, паддзахадон граждайнаг службæйы къласы чинтæ раттыны законад, "булкъон" æмæ "1 къласы паддзахадон уынаффæгæнæг"-æй бæрзонддæр æмвæзадмæ уыцы периоды.
Уымæй дарддæр прокурортæ басгардзысты республикæйы æмбæстæгтæн æмæ фæсарæйнæгтæн хæстон хæцæнгарз раттыны законад, афтæ ма паддзахадон органтæ, уагдæттæ æмæ организациты балансыл уæвæг хæдтулгæты сфыссыны законад. Ацы басгæрсттæ хауынц 2022 азы фыццаг фондз мæймæ.