2025 азы 10 октябры Республикӕ Хуссар Ирыстоны Сӕйраг тӕрхондон сӕххӕст кодта Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры домӕн курдиат ӕппӕтадӕмон ӕхсӕнадон змӕлд АУЕ экстремистон организацийыл банымайыны тыххӕй ӕмӕ йын ӕвӕстиатӕй йӕ архайд ӕппӕт республикӕйы территорийыл бар нӕ дӕттыны тыххӕй. Афтӕмӕй Хуссар Ирыстон бафӕзмыдта Уӕрӕсейы Федерацийы, ӕмӕ уым дӕр ахӕм уынаффӕ рахаста Уӕрӕсейы Федерацийы Сӕйраг тӕрхондон 2020 азы 17 августы. Республикӕ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ, домӕн хъӕппӕрис кӕнгӕйӕ, разамынд лӕвӕрдта, цӕмӕй ӕмбӕстӕгты конституцион бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинӕдтӕ хъахъхъӕд цыдаиккой, стӕй сӕ размӕ ӕвӕрдтой экстремизм ӕмӕ фӕсивӕды ӕхсӕн криминализаци кӕныны хӕс. Уыцы уынаффӕ у ахсджиаг къахдзӕф ӕхсӕнад бахъахъхъӕныны, уӕлдайдӕр та рӕзгӕ фӕлтӕры, криминалон субкультурӕйы пагӕты ӕндӕвдадӕй.
Тӕрхондоны бар лӕвӕрд цӕуы ӕхсӕнадон ӕдасдзинад хъахъхъӕнын, стӕй ӕнахъомты ӕмӕ фӕсивӕды 'хсӕн фыдракӕнддзинад хъахъхъӕнын, деструктивон идеологийы парахатдзинад уромын ӕмӕ ӕрыгон фӕлтӕры бархалӕн архайдӕй хъахъхъӕнын. АУЕ змӕлд у ӕхсӕнадӕн ахъаззаг ӕмӕ бирӕфарсон тас. Уый канд фӕсивӕды субкультурӕ нӕу, фӕлӕ у хорз арӕзт организаци, "давджыты ӕмбарынӕдтӕ" ӕмӕ "ахӕстоны закъонтӕ" пропагандӕ чи кӕны, куыд легалон ӕхсӕнадон царды альтернативӕ, афтӕ. АУЕ романтизаци кӕны фыдгӕнды царды уаг, тыхмийы мадзӕлттӕ нысантӕ ӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ агрессийы культ. АУЕ архайдӕн йӕ сӕйраг зиан у йӕ халӕн хъомыс фӕсивӕдыл. Змӕлды адепттӕ разӕнгардӕй исынц ӕнахъомты, арӕх пайда кӕнынц психологон ӕлхъывд ӕмӕ ӕртхъирӕнты мадзӕлттӕй, ӕмӕ сӕ ӕмхиц кӕнынц исбоны фыдракӕндтӕ – давд, стыгъд, хӕлӕттаг ӕмӕ тыхмитӕ кӕнынмӕ. Цы фӕрӕзтӕ райсынц, уыдон арӕх ӕрвыст ӕрцӕуынц, "общак" кӕй хонынц, уырдӕм, цӕмӕй, ахӕстоны чи ис, уыдонӕн ӕххуыс кӕной. Афтӕмӕй ӕнахъом сабитӕ фестынц криминалон дунейы кусӕнгарз.
Уымӕй фылдӕр АУЕ арф ӕлгъ кӕны фӕллойыл, ахуырадыл, барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтыл ӕмӕ ӕмткӕй паддзахадыл, аразы асоциалон ӕмӕ паразитон ахастытӕ. Уый ахъаз у ӕнахъом фыдракӕндты рӕзтӕн ӕмӕ ӕхсӕнадон ӕгъдау дестабилизаци кӕнынӕн. Республикӕ Хуссар Ирыстоны Сӕйраг тӕрхондоны уынаффӕ закъонмӕ гӕсгӕ йӕ тыхы куы бацӕуа, Уӕд АУЕ-йы змӕлдимӕ баст цыфӕнды активондзинад дӕр нымад цӕудзӕн экстремистон архайдыл. Уый нысан кӕны, организатортӕн, разамонджытӕн ӕмӕ суанг рӕнхъон архайджытӕн дӕр сӕ бон у административон ӕмӕ уголовон бӕрндзинад ӕрдомын. Тобӕгонд цӕуы канд комкоммӕ архайд нӕ, фӕлӕ ма адӕмы раз пропагандӕ, символикӕ ӕвдисын ӕмӕ змӕлды ӕрмӕджытӕ парахат кӕнын, уыимӕ социалон хызты ӕмӕ мессенджерты дӕр.
Генералон прокуратурӕ бахахх кӕны ӕппӕт паддзахадон оргӕнты ӕмӕ граждайнаг ӕхсӕнады институтты иумӕйаг куысты ахадындзинад профилактикӕйы къабазы, стӕй ныййарджытӕм ӕмӕ ахуыргӕнджытӕм сиды, цӕмӕй сывӕллӕтты ӕмӕ ӕнахъомты уагахастмӕ сӕ хъус тынгдӕр дарой, уӕлдайдӕр та ахӕстоны жаргоны лексиконы фӕзындмӕ, ӕхцайы ӕнахуыр домӕнтӕм кӕнӕ ныхасы зиллакк аивынмӕ. Иумӕйаг тыхтӕй хъӕуы фӕсивӕды фидар хъахъхъӕнын ӕмӕ республикӕйы барадон фӕтк фидар кӕнын.