Æхсæнады стыр резонансон цау чи ссис, уый фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы кусджытæ кæнынц æнæмæнгхъæуæг процессуалон æмæ фæдагурæн куыст, цæмæй бæлвырд æрцæуой не ‘мбæстаг Дзабиты Иналы амæлæты цауы аххосджынтæ.
Дзабиты Иналы амæлæты зæрдæхсайгæтæм ахасты уголовон хъуыддаджы фæдыл ахст æрцыдысты: Криминалон милицийы уголовон фæдысгæрсты хайады сæргълæууæг Сланты Ирбег Иналы фырт, хисдæр оперæххæстбарджынтæ Хуыгаты Марат Славикы фырт, Багаты Алан Сергейы фырт, Къозонты Сергей Владимиры фырт, Тадтаты Артур Виталийы фырт, оперæххæстбарджын Годжыцаты Зауыр Зурабы фырт, криминалон милицийы терроризм æмæ экстремизмы хайады сæргълæууæг Джиоты Андрей Лаверы фырт.
Уыцы номхыгъдтæ фæдагуырды рæстæджы кæнæ фылдæр кæндзысты, кæнæ — къаддæр. Ацы хъуыддаджы развæлгъау зæрдæхсайгæ уыдысты аст кусæджы, фæлæ дзы иумæ ницы азым ссардæуыд фæдагуырды рæстæджы æмæ иуварс æрцыд.
28 августы æбæрæг цæсгæмттæм ахасты конд æрцыд уголовон хъуыддаг Уæрæсейы Федерацийы Уголовон Кодексы 286 уацы 3 хайы пункт «йæ бæрныуæвæг хæстæ кæй фæфылдæр кодта», уый фæдыл. Ацы уац кæройнаг нæу, ивд цæудзæн, фæдагуырды рæстæджы йæм хаст цæудзæн ног эпизодтæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы Фæдагурæн управленийы уголовон хъуыддаг бакæныны фæлгæтты нысан æрцыд тæрхондонон — медицинон экспертизæ, кæцы уагъд цæудзæн Хуссар Ирыстоны территорийыл.
Амæлæты аххосæгтæ сбæрæг кæныны нысанæн уагъд цæуы экспертизæ. Республикæйы ис уыцы хъуыддаджы специалисттæ, кæцытæ æххæстбарджын сты бæрæг экспертизæ нырыккон ифтонггæрзты руаджы ауадзыны фæдыл. Уым кусы, дыууæ азы куысты стаж кæмæн ис, ахæм специалист.
Адæймаджы ныхмæ физикон тыхæй пайда кæнын æмæ фыдæвзарæнтæ сты закъоны ныхмæ ист мадзæлттæ. Фыдгæнæг æфхæрд баййафдзæн закъонмæ гæсгæ.